17 Йешуайӕн адӕмы уынӕр йӕ хъустыл ауад ӕмӕ Моисеймӕ дзуры: «Хӕстон уынӕр хъуысы рӕсӕнуатӕй».
уый фырт Нун, уый фырт Йешуа.
Сыкъауадындзы уастмӕ ныммыр-мыр кӕны, дардмӕ дӕр хӕсты уынӕр хъусы.
Зарӕг. Корахы фыртты псалом.
Моисей Йешуайӕн загъта: «Равзар, амалекӕгты ныхмӕ кӕимӕ ралӕууай, ахӕм лӕгтӕ. Ӕз та райсом, Хуыцауы лӕдзӕг мӕ къухы, афтӕмӕй къуыбырыл ӕрлӕудзынӕн».
Ӕмӕ Моисей йе ’ххуысгӕнӕг Йешуаимӕ ссыди хохы сӕрмӕ.
Уыцы къӕйдуртӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг скодта, къӕйдуртыл фыстытӕ дӕр Хуыцау Йӕхӕдӕг скъахта.
Моисей йын афтӕ: «Уый нӕдӕр уӕлахиздзауты хъӕр уыдзӕни, нӕдӕр — бӕрзӕйсаст адӕмы ӕрдиаг. Зарын уайы мӕ хъустыл».
Дыккаг бон райсомӕй адӕм ӕрхастой иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Стӕй ӕрбадтысты хӕрд ӕмӕ нозтыл, уый фӕстӕ сыстадысты ӕмӕ хъазт сарӕзтой.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг расомы кодта Йӕхицӕй: «Ӕз дӕ мӕтыхтау адӕмӕй байдзаг кӕндзынӕн, сӕ уӕлахизы хъӕр райхъуысдзӕн дӕ сӕрмӕ».
Раввайы фиддӕрттыл арт бандзардзынӕн. Алырдыгӕй тохы хъӕртӕ хъуысдзысты, афтӕмӕй судздзысты йӕ галуантӕ, тымыгъы сӕм зилгӕ уад ӕрбабырсдзӕн.
Арт бандзардзынӕн Моавы зӕххыл, ӕмӕ уыцы арт Керийоты фидӕрттӕ аныхъуырдзӕн. Тохы уынӕр ӕмӕ сыкъауадындзты уасын хъуысдзысты, афтӕмӕй йе сӕфт ӕрцӕудзӕни Моавӕн.
Афтӕмӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын сахары алыварс иу хатт ӕрзылди, стӕй рӕсӕнуатмӕ раздӕхтысты ӕмӕ дзы бахсӕвиуат кодтой.
Ацы сахар хъуамӕ ӕлгъыстаг фӕуа, чидӕриддӕр дзы ис, уыдонимӕ, хъуамӕ бабын уа — Дунедарӕгӕн лӕвӕрд ӕрцӕуа. Ӕрмӕстдӕр хӕтаг сылгоймаг Рахав баззайӕд удӕгасӕй — йӕхицӕй дарддӕр ма йӕ хӕдзары чи уа, уыдонимӕ, уымӕн ӕмӕ нын не сгарджыты бамбӕхста.
Дунедарӕджы номыл ӕлгъыстаг фӕкодтой, сахары мидӕг цӕрдудӕй цыдӕриддӕр уыдис, уыдон: нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты, ӕрыгӕттӕ ӕмӕ зӕрӕдты, суанг галтӕ, фыстӕ ӕмӕ хӕрджыты — се ’ппӕты дӕр карды амӕттаг бакодтой.
Нуны фырт Йешуа фӕсидт сауджынтӕм ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕджы Фидыды Чырын сисут, авд сауджыны та фӕйнӕ сыкъауадындзы хӕссӕнт Фидыды Чырыны разӕй».
Самсонимӕ куыддӕр Лехийы сахармӕ бахӕццӕ сты, афтӕ филистимӕгтӕ, хъӕргӕнгӕ, йӕ размӕ разгъордтой. Дунедарӕджы Уд Самсоныл ӕртыхсти. Йӕ къухтыл цы бӕндӕнтӕ уыди, уыдон гӕнау асыгъдысты, ӕмӕ йӕ къухтӕ феуӕгъд сты.
Давид райсомӕй раджы фысты дзуг уӕтӕргӕсы ӕвджид бакодта ӕмӕ аласта йӕ уаргъ, Йессей йын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. Куы бахӕццӕ, уӕд ӕфсӕдтӕ хӕстӕввонгӕй рацӕйцыдысты, тохы хъӕр систой, афтӕмӕй.
Израилаг ӕмӕ иудейаг хӕстонтӕ уӕлахизы хъӕр ныккодтой ӕмӕ сӕ Гат ӕмӕ Екроны кулдуӕрттӕм сӕ разӕй айстой. Филистимӕгты мӕрдтӕй нал зынди Шаараимы фӕндаг суанг Гат ӕмӕ Екроны онг.