15 Моисей фӕзылд ӕмӕ дӕлӕмӕ фӕуырдыг кодта. Йӕ къухты хаста Фидыды дыууӕ къӕйдуры — дыууӕрдыгӕй дӕр сыл фыстытӕ.
Ныр ӕз зонын, Дунедарӕг Йӕ байсӕрст паддзахы кӕй ирвӕзын кӕны. Йӕ уаз уӕлӕрвтӕй йын фехъусы йӕ сидт, Йӕ рахиз къухы хъомысӕй йын ратты уӕлахиз.
Аарон маннӕйы дурын сӕвӕрдта Фидыды Чырыны раз, цӕмӕй уыцы ран ӕфснайд уа, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ссу Мӕм хохы сӕрмӕ. Ӕз дӕм ратдзынӕн, ацы адӕмӕн Мӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ цы къӕйдуртыл ныффыстон, уыдон. Адӕмӕн-иу бацамон, цы сӕ домын, уый».
Моисей мигъы бацыд ӕмӕ хохы сӕрмӕ ссыд. Хохы сӕр Моисей фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы.
Хуыцау Синайы хохыл Йӕ ныхас куы фӕци Моисеимӕ, уӕд ӕм радта Фидыды дыууӕ къӕйдуры, Йӕхи къухӕй фыст фӕдзӕхстытимӕ.
Уыцы къӕйдуртӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг скодта, къӕйдуртыл фыстытӕ дӕр Хуыцау Йӕхӕдӕг скъахта.
Моисей ӕрхызти Синайы хохӕй, йӕ къухты — Фидыды дыууӕ къӕйдуры. Нӕ зыдта, Хуыцауимӕ ныхасгӕнгӕйӕ йӕ цӕсгом тӕмӕнтӕ калын кӕй байдыдта, уый.
Уый фӕстӕ Моисей Фидыды Чырыны нывӕрдта Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ, хъилтӕ сӕ бынӕтты бакодта ӕмӕ Чырынӕн йӕ сӕр ӕрӕвӕрдта йӕ уӕлӕ.
Нӕ фӕллойы руаджы Чырыстийы фыстӕг кӕй стут, уый уыны алчидӕр. Уыцы фыстӕг милдонӕй фыст нӕу — цардӕгас Хуыцауы Уды фыст ис; къӕйдуртыл фыст нӕу, фӕлӕ зӕрдӕйы къултыл.
Йӕ бындур къӕйдуртыл фыст дамгъӕтӕ кӕмӕн уыдысты, кӕд уыцы мӕлӕтхӕссӕг куыст афтӕ намысджын уыд, ӕмӕ рӕстӕгмӕ тӕмӕнтӕ чи калдта, Моисейы уыцы цӕсгоммӕ кӕсын Израилы адӕм нӕ фӕрӕзтой,
Уыцы ныхӕстӕ Дунедарӕг хохы сӕр арт, мигъ ӕмӕ саудалынджы хуылфӕй ӕрвнӕрӕгау уе ’ппӕтмӕ радзырдта. Ӕндӕр сӕм ницыуал бафтыдта. Дыууӕ къӕйдурыл фыстӕй мӕм сӕ радта.
Ӕз фӕзылдтӕн ӕмӕ хохӕй дӕлӕмӕ фӕцӕуӕг дӕн. Хох пиллонӕй сыгъди. Фидыды дыууӕ къӕйдурыл хӕцыдтӕн мӕ дыууӕ къухӕй.
Уыди дзы сыгъзӕрин будсудзӕн ӕмӕ Фидыды Чырын, йӕ фӕрстӕ — сыгъзӕринӕй астӕрд, йӕ мидӕг — сыгъзӕрин къус маннӕимӕ, Аароны билцъӕфтыд лӕдзӕг ӕмӕ, фӕдзӕхстытӕ цы къӕйдуртыл фыст уыдысты, уыдон.
Уӕд паддзахы бадӕны Бадӕджы рахиз къухы ӕз федтон, дыууӕрдыгӕй дӕр фыст кӕуыл уыд, ахӕм тухгӕ чиныг; ӕхгӕд уыдис авд мыхуырӕй.