3 Схайджын ӕй кодтон Хуыцауы Удӕй — скодтон ӕй куырыхон, радтон ын зонд, зонындзинӕдтӕ ӕмӕ алы куыстмӕ дӕсныдзинад.
Уӕдӕ ратт мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, ӕмбаргӕ зӕрдӕ, цӕмӕй мӕ бон уа Дӕ адӕмӕн тӕрхон кӕнын ӕмӕ хорз ӕмӕ ӕвзӕр кӕрӕдзийӕ иртасын. Ӕнӕ уымӕй чи бафӕраздзӕн ацы стыр адӕмӕн уаг ӕрӕвӕрын?»
Паддзах Соломон Тиры сахарӕй ӕрбахуыдта Хурамы. Уый уыди Неффалимы хӕдзарвӕндагӕй иу идӕдз усы фырт. Фӕлӕ йӕ фыд Тиры сахайраг уыд, ӕрхуыдӕсны. Хурам йӕхӕдӕг уыди зондджын ӕмӕ гӕрзарм ӕрхуыдӕсны. Паддзах Соломонмӕ ӕрбацыд, ӕмӕ йын цыдӕриддӕр бабар кодтой, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодта.
Уӕдӕ мын ӕрбарвит, сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы ӕмӕ ӕфсӕйнагимӕ кусынмӕ чи арӕхсы, сӕнт сырх, сырх-сырхид ӕмӕ ӕрвхуыз хъуымӕцтӕ уафын, стӕй нывӕфтауӕджы куыст чи зоны, ахӕм ӕрмдӕсныйы. Иудей ӕмӕ мын Йерусалимы цы ӕрмдӕснытӕ ис, уыдонимӕ мын кусӕд. Уыцы ӕрмдӕсныты кӕддӕр мӕ фыд Давид равзӕрста.
Се скӕнын сын, ахӕм дӕсныйад кӕмӕн радтон, уыцы арӕхстджынтӕн бафӕдзӕхс, ӕмӕ Мын Аароны сауджынлӕггадӕн снывонд кӕн.
Уый дӕсны у сыгъзӕрин, ӕвзист ӕмӕ ӕрхуыимӕ архайынмӕ,
схайджын ӕй кодта Хуыцауы Удӕй — скодта йӕ куырыхон, радта йын зонд, зонындзинӕдтӕ ӕмӕ алы ӕвзыгъддзинад,
Дунедарӕг сын радта нывӕфтауӕджы курдиат, стӕй ӕрвхуыз, сӕнт сырх, игӕрхуыз тӕбын ӕмӕ гӕнӕй нывӕфтыд ӕмӕ хуымӕтӕг хъуымӕцтӕ уафыны курдиат — радта сын алы дӕсныйад ӕмӕ алы арӕхстдзинад.
Адӕймаджы уӕлзондӕй Дунедарӕг схайджын кӕны, зонд ӕмӕ зонынад Уый дзыхӕй рацӕуынц.
Уыцы зонд зӕхкусӕгӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд у, Уый йын амоны хуым кӕныны фӕтк.
Тӕрхоны лӕгтӕн Уый суыдзӕни раст тӕрхоны Уд, адӕмы раздзӕуджытӕн — ныфс, цӕмӕй сӕ фыдгулты сӕ сахарты кулдуӕрттӕй сӕ уӕлныхты айсой.