Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 31:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Ӕххӕст кӕнут сабаты уагӕвӕрдтӕ — уый уаз у сымахӕн. Сабат чи фӕчъизи кӕна, уый мард ӕрцӕуӕд: сабаты чидӕриддӕр куса, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 31:14
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ды сын бафӕдзӕхстай Дӕ уаз сабаты уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын ӕмӕ сын Дӕ лӕггадгӕнӕг Моисейы уылты фехъусын кодтай Дӕ фӕдзӕхстытӕ, Дӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Де ’гъдӕуттӕ.


Рох дӕ ма уӕд, сабат уаз кӕй у, уый.


Ахӕм сӕрдӕн чи сараза ӕмӕ дзы ӕндӕр искӕй чи байсӕрда, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».


Чи сараза ӕмӕ йӕм чи басмуда, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн».


Ӕхсӕз боны кусут, ӕвдӕм бон та у сабат, ӕнцойбон, Дунедарӕгӕн — уаз. Сабаты чидӕриддӕр бакуса, уый мард ӕрцӕуӕд.


Уымӕн ӕмӕ Мын суӕлӕхох сты Мӕ амындтытыл, Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕппӕт зӕрдӕйӕ се ’ргом гуымирыты ’рдӕм сарӕзтой.


Фӕлӕ сӕ фырттӕ дӕр Мӕ ныхмӕ фесты. Мӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ нӕ цардысты, Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын не ’ххӕст кодтой, афтӕмӕй та уыдон, чи сӕ ӕххӕст кӕны, уымӕн цард дӕттынц. Фӕчъизи Мын кодтой Мӕ сабӕттӕ, ӕмӕ загътон, Мӕ азар сыл ныххуырсдзынӕн ӕмӕ сыл ӕдзӕрӕг быдыры Мӕ маст ныккалдзынӕн, зӕгъгӕ.


Уымӕн ӕмӕ Мын не ’ххӕст кодтой Мӕ амындтытӕ, суӕлӕхох сты Мӕ уагӕвӕрдтыл ӕмӕ фӕчъизи кодтой Мӕ сабӕттӕ. Се ’ргом аздӕхтой, сӕ фыдӕлтӕ кӕмӕ куывтой, уыцы гуымирытӕм.


Быцӕйуаг хъуыддӕгты тыххӕй-иу ӕрлӕууӕнт тӕрхоны раз ӕмӕ-иу алы хъуыддаг дӕр райхалӕнт Мӕ амындтытӕм гӕсгӕ. Ӕххӕст Мын кӕнӕнт Ме ’гъдӕуттӕ ӕмӕ Мӕ уагӕвӕрдтӕ, стӕй Мӕ сабаты ӕгъдӕуттӕ.


Мӕнӕ уын мыггагмӕйы уагӕвӕрд: ӕвдӕм мӕйы дӕсӕм бон ком дарут, мачи уӕ мацы кусӕд: нӕдӕр бынӕттон цӕрӕг, нӕдӕр, уе ’хсӕн чи ӕрцӕра, уыцы ӕрцӕуӕггаг.


Ӕмӕ кӕд Моисейы Ӕгъдау ма фехалыны тыххӕй адӕймагӕн сабаты сунӕт кӕнынц, уӕд Ӕз рынчыны къахӕй сӕрмӕ сабаты кӕй сдзӕбӕх кодтон, уый тыххӕй Мӕм цӕмӕн смӕсты стут?


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ