11 Ноджы ма — сӕрдӕн сой ӕмӕ буд, Уаз Цӕрӕны судзынӕн. Алцыдӕр саразӕнт, куыддӕриддӕр дын бафӕдзӕхстон, афтӕ».
Хъусыс, хохыл дын кӕй равдыстӕуыд, уый халдих куыд уа, ӕппӕт дӕр афтӕ сараз.
Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста:
Бецалел ӕмӕ Охолиав, стӕй, Уаз Цӕрӕн саразыны охыл Дунедарӕг куырыхон зонд ӕмӕ дӕсныйадӕй кӕй схайджын кодта, уыдон бакӕнӕнт, Дунедарӕг куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ».
Бецалел ма ноджы сцӕттӕ кодта уаз сӕрдӕн сой, стӕй дӕсны арӕзт ӕмӕ сыгъдӕг хӕрздӕфгӕнӕн.