35 Уыдон арӕхстгай иумӕ сызмӕнт, цӕмӕй сӕ рауайа судзинаг хӕрздӕфгӕнӕн; цӕхх дӕр ма йыл акӕн. Хъуамӕ уа сыгъдӕг ӕмӕ уаз.
Цадок ӕрбахаста Цатырӕй оливӕйы сойы сыкъа ӕмӕ Соломоны байсӕрста. Уый фӕстӕ сыкъауадындзтӕй ныууасыдысты, ӕмӕ адӕм ӕмдзыхӕй ныхъхъӕр кодтой: «Ӕгас цӕуӕд паддзах Соломон!»
Хӕрздӕфгӕнӕнтӕ аразгӕ та кодтой сауджынтӕ.
Кувӕндонмӕ уӕ къухтӕ дарут ӕмӕ арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн!
Ӕппӕт уыцы дарӕстӕ скӕн де ’фсымӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл. Уыйфӕстӕ оливӕйы сойӕ байсӕрд Аарон ӕмӕ йӕ фыртты, срухс сӕ кӕн ӕмӕ сӕ сауджынлӕггадӕн снывонд кӕн, ӕмӕ уой Мӕ сауджынтӕ.
Уыдон арӕхстгай иумӕ сызмӕнт ӕмӕ афтӕмӕй скӕн уаз сӕрдӕн сой.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Райс хӕрздӕфгӕнӕнтӕ: натаф, шехелет, хелбена, стӕй се ’ппӕты бӕрц сыгъдӕг буд.
Фӕхты сӕ лыстӕг ныххой ӕмӕ сӕ ӕрӕвӕр Фидыды Чырыны раз, Фембӕлды Цатыры мидӕг, Мӕхи дӕм кӕм ӕргом кӕндзынӕн, уым. Уыцы хӕрздӕфгӕнӕн уын уыдзӕни иууылуаз.
Сӕрдӕны хӕрздӕф ӕмӕ будтӕф зӕрдӕйӕн ӕхцон сты, ӕмбалы зӕрдӕбын уынаффӕ дӕр афтӕ ’хсызгон у.
О, ахон мӕ, мах лидздзыстӕм дӕ фӕдыл! О, паддзах мӕ ӕрбакодта йӕ галуанмӕ! — Зӕрдӕскъӕфт фӕуыдзыстӕм ӕмӕ дыл цин кӕндзыстӕм, дӕ рӕвдыд дын сӕнӕй фылдӕр стаудзыстӕм — аккаг уарзтӕй дӕ уарзынц чызджытӕ!
— Акӕсут-ма, ӕдзӕрӕг быдырӕй арты фӕздӕгау чи ссӕуы, йӕ алыварс — буд ӕмӕ миррӕйы хӕрздӕф, алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзынц йӕ разы, афтӕмӕй?
уӕд-иу, Дунедарӕджы раз цы нывондхӕссӕн ис, уый цӕхӕрӕй райсӕд будсудзӕны дзаг, йӕ дыууӕ армыдзаджы та — фӕхты хост буд ӕмӕ-иу сӕ мидӕмбӕрзӕны уылты бахӕссӕд.
Дӕ алы хойраджы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа, ӕдзӕххӕй йӕ ма ныууадз, уымӕн ӕмӕ цӕхх нысан кӕны, дӕ Хуыцауы фидыд демӕ мыггагмӕ кӕй ис, уый. Дӕ алы хуыныл дӕр хъуамӕ цӕхх уа.
Уӕд Мариа райста, нард кӕй хонынц, уыцы зайӕгойӕ конд зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕны джиранка, байсӕрста дзы Йесойы къӕхтӕ ӕмӕ Йын сӕ йӕ дзыккутӕй ныссӕрфта. Хӕдзар байдзаг ис хӕрздӕфӕй.