31 Израилӕгтӕн та Мӕ номӕй зӕгъ: уый уын уыдзӕни уаз сӕрдӕн сой фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
Уый фӕстӕ райс, нывондхӕссӕныл цы туг уа, уымӕй, стӕй сӕрдӕн сой ӕмӕ дзы бапырх кӕн Аароныл ӕмӕ йӕ дарӕсыл, стӕй Ааронӕн йӕ фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл, ӕмӕ афтӕмӕй снывонд чындӕуыдзӕн Ааронӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дарӕс дӕр, стӕй Аароны фырттӕн сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ дарӕс дӕр.
Байсӕрд Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕр ӕмӕ Мын сӕ снывонд кӕн, цӕмӕй суой Мӕ сауджынтӕ.
Ӕндӕр дзы мачи цӕуӕд сӕрст. Уый хуызӕн сӕрдӕн ма кӕнут уӕхицӕн — уаз уын уӕд.
Бецалел ма ноджы сцӕттӕ кодта уаз сӕрдӕн сой, стӕй дӕсны арӕзт ӕмӕ сыгъдӕг хӕрздӕфгӕнӕн.
Йе ’рвад-ӕфсымӕрты ’хсӕн хистӕр цы сауджын у — йӕ сӕрыл сӕрдӕн сой уагъд кӕмӕн ӕрцыд ӕмӕ уаз чи сси, уаз дарӕс дарыны бар кӕмӕн ис, уымӕн не ’мбӕлы йӕ сӕрыхъуынтӕ уӕгъдӕй хӕссын, стӕй йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм рӕдувын.
Аароны сӕрыл сой ӕруагъта ӕмӕ йӕ байсӕрста — Дунедарӕджы раз ӕй ссыгъдӕг кодта.