30 Байсӕрд Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕр ӕмӕ Мын сӕ снывонд кӕн, цӕмӕй суой Мӕ сауджынтӕ.
Кувӕндонмӕ уӕ къухтӕ дарут ӕмӕ арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн!
Се скӕнын сын, ахӕм дӕсныйад кӕмӕн радтон, уыцы арӕхстджынтӕн бафӕдзӕхс, ӕмӕ Мын Аароны сауджынлӕггадӕн снывонд кӕн.
Ӕппӕт уыцы дарӕстӕ скӕн де ’фсымӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл. Уыйфӕстӕ оливӕйы сойӕ байсӕрд Аарон ӕмӕ йӕ фыртты, срухс сӕ кӕн ӕмӕ сӕ сауджынлӕггадӕн снывонд кӕн, ӕмӕ уой Мӕ сауджынтӕ.
Снывонд сӕ кӕн иууылдӕр, ӕмӕ срухс уыдзысты. Уый фӕстӕ сыл-иу цыдӕриддӕр бандзӕва, уый дӕр уыдзӕни уаз.
Израилӕгтӕн та Мӕ номӕй зӕгъ: уый уын уыдзӕни уаз сӕрдӕн сой фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.
Сӕ фыды сын куыд байсӕрстай, афтӕ уыдоны дӕр байсӕрд, цӕмӕй суой Мӕ сауджынтӕ. Уыцы байсӕрсты фӕрцы сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр уыдзысты сауджынтӕ — мыггагмӕ, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ».
Моисей Ааронӕн загъта: «Гъе уымӕн дзырдта Дунедарӕг: „Мӕ разы чи лӕууы, уыдоныл Ӕз равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый, мӕ кад ӕппӕт адӕмы раз равдисдзынӕн“». Аарон хъусӕй лӕууыд.
Аароны сӕрыл сой ӕруагъта ӕмӕ йӕ байсӕрста — Дунедарӕджы раз ӕй ссыгъдӕг кодта.
Уый фӕстӕ Моисей райста сӕрдӕн сой. Нывондхӕссӕныл цы туг уыди, уымӕй систа ӕмӕ дзы бапырх кодта Аароныл, стӕй йӕ дарӕсыл, Аароны фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл. Афтӕмӕй уазлӕггадӕн снывонд кодта Аароны, срухс ын кодта йӕ дарӕс, стӕй йӕ фыртты ӕмӕ уыдоны дарӕс дӕр.
Аароны фырттӕ, сауджынлӕггадӕн сӕрст чи ӕрцыди, уыдон.