Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 30:29 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

29 Снывонд сӕ кӕн иууылдӕр, ӕмӕ срухс уыдзысты. Уый фӕстӕ сыл-иу цыдӕриддӕр бандзӕва, уый дӕр уыдзӕни уаз.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 30:29
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авд боны дӕргъы ӕххӕст кӕн нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау, ӕмӕ уӕд нывондхӕссӕн срухс суыдзӕн. Уый фӕстӕ-иу ыл цыдӕриддӕр бандзӕва, уый дӕр уыдзӕни уаз.


иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн йе ’ппӕт дзауматимӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ.


Байсӕрд Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕр ӕмӕ Мын сӕ снывонд кӕн, цӕмӕй суой Мӕ сауджынтӕ.


Байсӕрд иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн йе ’ппӕт дзауматимӕ. Нывондхӕссӕн снывонд кӕн Дунедарӕгӕн, ӕмӕ суыдзӕн иууылуаз.


Аароны байзӕддӕгтӕй алы нӕлгоймагӕн дӕр уыцы хайӕ хӕрын ӕмбӕлы. Уый уын уыдзӕни мыггагмӕйы хай Дунедарӕджы номыл хаст хуынтӕй, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Цыдӕриддӕр сыл бандзӕва, уый суыдзӕни уаз».


Моисей райста сӕрдӕн сой ӕмӕ дзы байсӕрста цатыр, стӕй, цыдӕриддӕр дзы уыдис, уыдон. Афтӕмӕй сӕ срухс скодта.


Уый фӕстӕ сойӕ нывондхӕссӕн авд хатты бапырх кодта, байсӕрста йӕ йе ’ппӕт дзаумаимӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ, цӕмӕй сӕ срухс кӕна.


Моисей Уаз Цӕрӕн куы сӕвӕрдта, уӕд ӕй байсӕрста ӕмӕ срухс кодта йе ’ппӕт мигӕнӕнтимӕ, стӕй нывондхӕссӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны ӕппӕт мигӕнӕнтӕ дӕр. Иууылдӕр сӕ байсӕрста ӕмӕ сӕ срухс кодта.


Ӕнӕзӕндтӕ ӕмӕ куырмытӕ! Сыгъзӕрин ахсджиагдӕр у ӕви, чи йӕ сыгъдӕг кӕны, уыцы Кувӕндон?


Куырмытӕ! Ахсджиагдӕр цы у: нывонд ӕви йӕ чи сыгъдӕг кӕны, уыцы нывондхӕссӕн?


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ