26 Байсӕрд дзы Фембӕлды Цатыр, Фидыды Чырын,
фынг йе ’ппӕт дзауматимӕ, цырагъдарӕн йе ’ппӕт дзауматимӕ, будсудзӕн нывондхӕссӕн,
Мӕныл ис Дунедарӕг Хуыцауы Уд, уымӕн ӕмӕ Мӕ Хуыцау байсӕрста мӕгуыртӕн фарны уац фехъусын кӕнынмӕ, састзӕрдӕты сдзӕбӕх кӕнынмӕ, уацайрӕгтӕ ӕмӕ ахӕстытӕн, се ссӕрибары рӕстӕг кӕй ралӕууыд, уый зӕгъынмӕ.
Дӕу байсӕрстӕуыд, цӕмӕй суай хъахъхъӕнӕг херувим. Хуыцауы уаз хохыл ӕрӕвӕрдтон Ӕз дӕу, ӕмӕ цӕхӕркалгӕ дурты астӕу ды рацу-бацу кодтай.
«Зӕгъ израилӕгтӕн ӕмӕ сын дыууадӕс лӕдзӕджы ӕрбахӕссын кӕн — мыггӕгты фӕтӕгты лӕдзджытӕ. Алы лӕдзӕгыл дӕр йӕ хицауы ном ныффысс,
Моисей Уаз Цӕрӕн куы сӕвӕрдта, уӕд ӕй байсӕрста ӕмӕ срухс кодта йе ’ппӕт мигӕнӕнтимӕ, стӕй нывондхӕссӕн ӕмӕ нывондхӕссӕны ӕппӕт мигӕнӕнтӕ дӕр. Иууылдӕр сӕ байсӕрста ӕмӕ сӕ срухс кодта.
Нывондхӕссӕн срухс кӕныны кадӕн йӕ байсӕрдыны бон фӕтӕгтӕ нывӕндтӕ ӕрхастой. Сӕ хуынтимӕ нывондхӕссӕны раз ӕрлӕууыдысты,
Сымах зонут, Хуыцау Назаретаг Йесойы кӕй схайджын кодта Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ хъаруйӕ. Йесо цыди ӕмӕ алы ран дӕр арӕзта хорз хъуыддӕгтӕ, дзӕбӕх кодта хӕйрӕджджынты, уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йемӕ уыд.
Сымах та Сыгъдӕг схайджын кодта Йӕ Удӕй, ӕмӕ уе ’ппӕт дӕр зонут ӕцӕгад.
Ӕниу, сымах Уый схайджын кодта Йӕ Удӕй. Уыцы Уд цӕры уӕ зӕрдӕты ӕмӕ, исчи уӕ ахуыр кӕна, уый хъуаг не стут. Уыцы Уд уын амоны алцы дӕр, ахуыр уӕ кӕны, мӕнг цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ ӕцӕгадыл. Уӕдӕ уын Чырыстиимӕ уӕд иудзинад, Уд уӕ куыд сахуыр кодта, афтӕ.