Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 30:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Фембӕлды Цатырмӕ цӕугӕйӕ, кӕнӕ уазлӕггад кӕныны фӕдыл, Дунедарӕгӕн арты нывонд ӕрхӕссынӕн, нывондхӕссӕнмӕ куы ’рбаввахс уой, уӕд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 30:20
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фидыды Чырынмӕ къухӕй кӕй февнӕлдта, уый тыххӕй Дунедарӕг смӕсты ис Уззамӕ ӕмӕ йӕ ӕрцавта. Узза уыцы ран, Хуыцауы раз, мардӕй ӕрхауди.


Уымӕн ӕмӕ мах Дӕ азарӕй фесӕфӕм, Дӕ маст ныл ӕвирхъау тас ӕфтауы.


Авд боны дӕргъы хъуамӕ хӕрат донгонд дзултӕ. Фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ уӕ хӕдзӕртты ӕнхъизӕн куыннӕ уа, афтӕ бакӕнут. Уыцы авд боны дӕргъы ӕнхъизӕнджын дзулӕй чи фӕхъӕстӕ уа, уый Израилы адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.


Аарон ӕмӕ-иу дзы йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ ныхсӕнт,


Сӕ къухтӕ ӕмӕ-иу сӕ къӕхтӕ ныхсӕнт, науӕд амӕлдзысты. Уый у мыггагмӕйы уагӕвӕрд Ааронӕн йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн дӕр, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ».


Уым Моисей, Аарон ӕмӕ Аароны фырттӕ ӕхсадтой сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ къӕхтӕ,


Йӕ уӕлӕ-иу скӕнӕд уаз хӕдон ӕмӕ мидӕггаг хӕлаф, йӕ астӕуыл ӕрбабӕттӕд рон, йӕ сӕрыл та-иу сарыхъ ӕркӕнӕд, се ’ппӕт дӕр — гӕн хъуымацӕй. Уыдон уаз дарӕс сты, ӕмӕ-иу се скӕныны размӕ йӕхи цынайӕд.


Моисей Аароны ӕмӕ йӕ фыртты размӕ ракодта ӕмӕ сӕ доны цынадта.


Сапфирӕ ӕваст ӕрхауд Петры къӕхты бынмӕ ӕмӕ йӕ уд систа. Лӕппутӕ куы бацыдысты, уӕд ӕй баййӕфтой мардӕй, рахастой йӕ ӕмӕ йӕ баныгӕдтой йӕ мойы фарсмӕ.


Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, Ананиа дзыхъмард фӕци ӕмӕ адӕргъ ис зӕххыл. Уыцы хабар чи фехъуыста, уыдоны стыр тас бацыди.


Дунедарӕг ныццагъта Бет-Шемешы адӕмы, Дунедарӕджы Фидыды Чырыны хуылфмӕ кӕй ныккастысты, уый тыххӕй: сӕ адӕмӕй сын амардта дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдзы. Ӕмӕ хъарджытӕ кодтой адӕм, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг бирӕты ӕрцавта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ