18 «Сараз хихсӕн ӕрхуы аг ӕмӕ йын скӕн ӕрхуы суанцъы. Ӕрӕвӕр ӕй Фембӕлды Цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕны ’хсӕн ӕмӕ дзы дон ныккӕн.
Хурам джиппы рауагъта егъау ӕрхуы аг дӕр — ӕрхуы денджыз, йӕ фӕтӕн — дӕс ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины, йӕ зиллакк та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины.
Ацы суанцъытӕн ма Хурам ноджыдӕр скодта дӕс ӕрхуы цӕхгӕры, алы цӕхгӕрӕн дӕр йӕ фӕтӕн уыди цыппар ӕлмӕрины, дон дзы цыди дыууиссӕдз баты.
Джиппы рауагъта тымбыл ӕрхуы денджыз, йӕ фӕтӕн — дӕс ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины, йӕ зиллакк та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины.
Ноджы ма Соломон скодта дӕс ӕрхуы тъӕпӕнӕджы ӕмӕ дзы фондз ӕрӕвӕрдта Кувӕндонӕн йӕ рахизфарс, фондз та — йӕ галиуфарс. Уыдоны мидӕг хъуамӕ ӕхсадтаиккой иууылсудзинӕгты уӕнгтӕ. Ӕрхуы денджыз та сауджынтӕн конд уыд, сӕхи ӕхсынӕн.
Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн йе ’ппӕт дзауматимӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ,
Уый фӕстӕ Бецалел ӕрхуыйӕ сарӕзта хихсӕн аг ӕмӕ йын скодта ӕрхуы суанцъы. Скодта сӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз чи лӕггад кодта, уыцы сылгоймӕгты ӕрхуы айдӕнтӕй.
Цатырӕй нывондхӕссӕны ’хсӕн ӕрӕвӕр хихсӕн аг ӕмӕ дзы дон ныккӕн.
Дӕ ныхасы размӕ уал хорз ахъуыды кӕн, Хуыцауы раз ард бахӕрынмӕ тагъд ма кӕн: Хуыцау уӕларвыл ис, ды та — зӕххыл, дӕ алы ныхас дӕр сасирӕй балуар.
Уый фӕстӕ сойӕ нывондхӕссӕн авд хатты бапырх кодта, байсӕрста йӕ йе ’ппӕт дзаумаимӕ, хихсӕн аг йӕ суанцъыимӕ, цӕмӕй сӕ срухс кӕна.
Уыцы бон Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн байгом уыдзӕнис донгуырӕн, цӕмӕй сӕ ссыгъдӕг кӕна сӕ тӕригъӕдтӕй ӕмӕ, цӕмӕй фӕчъизи сты, уыдӕттӕй.
уӕд нӕ фервӕзын кодта, хорз хъуыддӕгтӕ нӕм цыма уыди, уый фӕрцы нӕ, фӕлӕ Йӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ — ӕхсад ӕрцыдыстӕм ног царддӕттӕг донӕй ӕмӕ Сыгъдӕг Уды фӕрцы систӕм ног адӕм.
Хуыцау Йӕхӕдӕг рухсы куыд ис, кӕд мах дӕр афтӕ рухсы цӕрӕм, уӕд нын кӕрӕдзиимӕ ис иудзинад, ӕмӕ нӕ Йӕ Фырт Йесойы Туг сыгъдӕг кӕны алы тӕригъӕдӕй дӕр.