17 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
Хурам джиппы рауагъта егъау ӕрхуы аг дӕр — ӕрхуы денджыз, йӕ фӕтӕн — дӕс ӕлмӕрины, йӕ бӕрзӕнд — фондз ӕлмӕрины, йӕ зиллакк та — дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕлмӕрины.
Ацы суанцъытӕн ма Хурам ноджыдӕр скодта дӕс ӕрхуы цӕхгӕры, алы цӕхгӕрӕн дӕр йӕ фӕтӕн уыди цыппар ӕлмӕрины, дон дзы цыди дыууиссӕдз баты.
Ноджы ма Соломон скодта дӕс ӕрхуы тъӕпӕнӕджы ӕмӕ дзы фондз ӕрӕвӕрдта Кувӕндонӕн йӕ рахизфарс, фондз та — йӕ галиуфарс. Уыдоны мидӕг хъуамӕ ӕхсадтаиккой иууылсудзинӕгты уӕнгтӕ. Ӕрхуы денджыз та сауджынтӕн конд уыд, сӕхи ӕхсынӕн.
Уыцы фиддон-иу израилӕгтӕй райс ӕмӕ йӕ хардз кӕн Фембӕлды Цатыры лӕггады. Ӕмӕ уый фӕрцы Дунедарӕджы зӕрдыл лӕудзысты Израилы адӕм — уӕ царды аргъ фыст кӕй ӕрцыди, уый».
«Сараз хихсӕн ӕрхуы аг ӕмӕ йын скӕн ӕрхуы суанцъы. Ӕрӕвӕр ӕй Фембӕлды Цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕны ’хсӕн ӕмӕ дзы дон ныккӕн.
Бецалел акъацийӕ сарӕзта иууылсудзинӕгты нывондхӕссӕн. Уыд раст цыппаркъуымон — фондз ӕлмӕрины дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр, йӕ бӕрзӕнд та — ӕртӕ ӕлмӕрины.
Уый фӕстӕ Бецалел ӕрхуыйӕ сарӕзта хихсӕн аг ӕмӕ йын скодта ӕрхуы суанцъы. Скодта сӕ, Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз чи лӕггад кодта, уыцы сылгоймӕгты ӕрхуы айдӕнтӕй.