15 Дунедарӕгӕн уӕхи тыххӕй мысайнаг куы дӕттат, уӕд хъӕздыг шекелы ӕмбисӕй фылдӕр ма дӕттӕд, мӕгуыр та шекелы ӕмбисӕй къаддӕр.
Давид гивонӕгты бафарста: «Цы хорзы уын бацӕуон, цӕмӕй уыцы азым ферох кӕнат ӕмӕ Хуыцауы арфӕ уӕ цӕст бауарза Дунедарӕджы адӕмӕн?»
Фӕлӕ Уый бардартӕн цурон митӕ нӕ кӕны, Уый хъӕздыг лӕджы мӕгуырӕй уӕлдӕр не ’вӕры, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр се Скӕнӕг у Уый.
«Израилӕгты сфыст куы аразай, уӕд-иу сӕ алчидӕр йӕхи номыл раттӕд фиддон Дунедарӕгӕн, цӕмӕй сыл сфысты аххосӕй мацы бӕллӕх ӕрцӕуа.
Уыцы фиддон-иу израилӕгтӕй райс ӕмӕ йӕ хардз кӕн Фембӕлды Цатыры лӕггады. Ӕмӕ уый фӕрцы Дунедарӕджы зӕрдыл лӕудзысты Израилы адӕм — уӕ царды аргъ фыст кӕй ӕрцыди, уый».
Ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай лӕгӕй, ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ йӕхи чи сфыста, уыдонӕй алкӕмӕй дӕр ист ӕрцыд ӕвзисты шекелы ӕмбис, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.
Хъӕздыг ӕмӕ мӕгуыр фӕрсӕй-фӕрстӕм ӕрлӕудзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ дыууӕйы дӕр Дунедарӕг сфӕлдыста.
Ахӕм хуынтӕ адӕм хъуамӕ хӕссой Израилы фӕтӕгӕн.
уымӕн ӕмӕ алы цӕрӕг удӕн дӕр йӕ цард йӕ туджы ис, ӕмӕ Ӕз туг снысан кодтон нывондхӕссӕнӕн, цӕмӕй-иу йӕ фӕрцы ссыгъдӕг уат уӕ тӕригъӕдтӕй. Цард туджы ис, ӕмӕ тӕригъӕдтӕ барст йӕ фӕрцы цӕуынц.
Ӕмӕ мах, цӕмӕй Дунедарӕджы раз сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй Дунедарӕгӕн мысайнагӕн ӕрбахастам, йӕ къухы нӕ кӕмӕн цы бафтыд, уый: сыгъзӕрин мигӕнӕнтӕ, цонгдарӕнтӕ, ӕргъӕвджытӕ, къухдарӕнтӕ, хъусцӕджытӕ ӕмӕ хъуырылдаргӕ фӕлындӕнтӕ».
Сымах дӕр, хицӕуттӕ, уӕ цагъартӕм ахӕм цӕстӕй кӕсут, ныууадзут уе ’ртхъирӕнтӕ. Хъулон Чи никӕй кӕны, сымахӕн дӕр ӕмӕ уыдонӕн дӕр уӕлӕрвты ахӕм Бардарӕг кӕй ис, уый уӕ рох ма уӕд.
Хӕрам хъуыддӕгтӕ чи аразы, уымӕн сӕ бафыстӕуыдзӕн хӕрамӕй — Хуыцау никӕй хъулон кӕны.