Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 30:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13-14 Алы израилаг нӕлгоймаг дӕр, ссӕдзаздзыдӕй уӕлӕмӕ, фидӕд ӕвзисты шекелы ӕмбис, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ. Шекелы ис ссӕдз герайы. Уыцы шекелы ӕмбис — мысайнаг Дунедарӕгӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 30:13
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

«Дӕ хорзӕхӕй, ме ’лдар, ӕрбайхъус мӕм! Зӕххӕн йӕ аргъ у цыппарсӕдӕ ӕвзист шекелы — уый ӕз ӕмӕ дӕуӕн йӕ койы аккаг дӕр нӕу. Бавӕр дӕ зиан».


Иоас сауджынтӕн бафӕдзӕхста: «Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ ӕрбацӕуӕг-иу, йӕ рӕдау къух куыд амона, афтӕ йе ’взисты хъалон, фиддон кӕнӕ хуын куы ӕрбахӕсса,


уӕд-иу алы сауджын дӕр, чи йӕм ӕрбацӕуа, уымӕн йе ’взист райсӕд ӕмӕ йӕ цӕст дарӕд, цӕмӕй иууылдӕр хардзгонд цӕуа Кувӕндоны хӕлддзӕгтӕ цалцӕг кӕныныл».


Уаз Цӕрӕн йе ’ппӕт дзауматимӕ саразынӕн нывондаг сыгъзӕрин бахъуыди фараст ӕмӕ ссӕдз таланты ӕмӕ авдсӕдӕ ӕртын шекелы, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.


Ӕхсӕзсӕдӕ ӕртӕ мин фондзсӕдӕ фӕндзай лӕгӕй, ссӕдзаздзыдтӕй уӕлӕмӕ йӕхи чи сфыста, уыдонӕй алкӕмӕй дӕр ист ӕрцыд ӕвзисты шекелы ӕмбис, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.


Шекелы ис ссӕдз герайы. Ӕхсай шекелы та уыдзысты иу минӕ.


Нысангонд ӕргътӕ иууылдӕр хъуамӕ нымад цӕуой кувӕндоны шекелтӕй, алы шекелы дӕр — ссӕдз герайы.


уӕд ссӕдз азӕй ӕртиссӕдз азы онг нӕлгоймагӕн йӕ аргъ уӕд дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз ӕвзист шекелы, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.


«Исчи ӕнӕбары, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд чындӕуыд, уыдонӕй истӕй ныхмӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд йӕ азымы тыххӕй Дунедарӕгӕн ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыр ӕмӕ йӕ ӕрхӕссӕд фиддоны нывондӕн. Аргъгонд ын хъуамӕ ӕрцӕуа кувӕндоны ӕвзист шекелтӕй.


Мӕйдзыд сабийы ныхмӕ райсын ӕмбӕлы ӕвзисты фондз шекелы, кувӕндоны шекелтӕй (иу шекелы — ссӕдз герайы).


уыдонӕй алкӕй ныхмӕ та райс фӕйнӕ фондз шекелы, кувӕндоны шекелтӕй, алы шекелы дӕр — ссӕдз герайы.


Йӕ хуын: дӕс ӕмӕ ӕхсӕзыссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист тӕбӕгъ ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз шекелы уӕзӕн ӕвзист хъалац, кувӕндоны шекелтӕй баргӕйӕ, дыууӕ дӕр — сойхӕццӕ мӕнӕуы ссадӕй семыдзаг, хойраджы хуынӕн;


Хӕрздӕфгӕнӕнтӕй семыдзаг дыууадӕс сыгъзӕрин куысийы уӕз (алы куыси дӕр — кувӕндоны дӕс шекелы уӕзӕн) иумӕ уыди сӕдӕ дыууын сыгъзӕрин шекелы;


Капернауммӕ куы ӕрцыдысты, уӕд Кувӕндоны хъалонисджытӕ бацыдысты Петрмӕ ӕмӕ йӕ бафарстой: «Уӕ Ахуыргӕнӕг нын дыууӕ драхмӕйы нӕ ратдзӕн?»


Йесо Кувӕндонмӕ бацыд ӕмӕ — уӕйгӕнӕгӕй, ӕлхӕнӕгӕй — се ’ппӕты дӕр ратардта, ӕхцаивджытӕн афӕлдӕхта сӕ фынгтӕ, бӕлонуӕйгӕнджытӕн — сӕ бандӕттӕ.


Пилат федта, йӕ бон саразын кӕй ницы у, уый ӕмӕ змӕст тынгӕй-тынгдӕр кӕй кӕны. Уӕд райста дон, адӕмы раз йӕ къухтӕ цӕхсадта ӕмӕ загъта: «Ӕз ацы тугкалды аххосджын нӕ дӕн. Уӕ бар уӕхи».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ