11 Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
Ноджы ма нӕхицӕн фӕткыл банымадтам, нӕ Хуыцауы хӕдзар хъуаг цӕмӕй ӕййафа, уыдӕттӕн афӕдз шекелы ӕртыккаг хай дӕттын:
Аарон ӕрвылаз ӕххӕст кӕнӕд нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау — йӕ сыкъатӕ-иу ын ссыгъдӕг кӕныны охыл сахорӕд тӕригъӕды нывонды тугӕй. Уыцы ӕгъдау ӕххӕст кӕнын хъӕудзӕн ӕрвылаз, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Нывондхӕссӕн Дунедарӕджы раз у иууылсыгъдӕг».
«Израилӕгты сфыст куы аразай, уӕд-иу сӕ алчидӕр йӕхи номыл раттӕд фиддон Дунедарӕгӕн, цӕмӕй сыл сфысты аххосӕй мацы бӕллӕх ӕрцӕуа.
Адӕмы сфыст саразыны тыххӕй цы ӕвзист ӕрӕмбырд, уымӕн йӕ бӕрц уыди сӕдӕ таланты ӕмӕ мин авдсӕдӕ ӕвдай фондз шекелы, кувӕндоны шекелтӕй нымайгӕйӕ.
«Сӕрӕй кӕронмӕ хӕдзаргай банымайут, ӕфсадмӕ бацӕуинаг чи у, уыцы израилӕгты, ссӕдз азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыдоны се ’ппӕты дӕр».