5 Хуыцау ын загъта: «Ӕрбацу-ма хӕстӕг. Дӕ дзабыртӕ ралас — цы бынаты лӕууыс, уый у уаз зӕхх.
Хохы алыварс ӕрхахх кӕн ӕмӕ адӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй хохмӕ ма ссӕуой ӕмӕ хохыл бандзӕвынӕй дӕр сӕхи бахизой. Хохыл чидӕриддӕр бандзӕва, уый амарын хъӕуы.
Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Цу ӕмӕ ма иу хатт бафӕдзӕхс адӕмӕн, цӕмӕй ма ’рбахизой арӕнӕй ӕмӕ Дунедарӕджы ма феной, науӕд бирӕтӕ ссардзысты сӕ мӕлӕт.
Моисей Ааронӕн радзырдта, Дунедарӕг ӕй цы ныхӕстимӕ рарвыста, цы диссӕгтӕ бакӕнын ын бафӕдзӕхста, уый.
Дӕ ныхасы размӕ уал хорз ахъуыды кӕн, Хуыцауы раз ард бахӕрынмӕ тагъд ма кӕн: Хуыцау уӕларвыл ис, ды та — зӕххыл, дӕ алы ныхас дӕр сасирӕй балуар.
Сӕ фӕтӕг уыдзӕни сӕхицӕй, се ’хсӕнӕй рацӕудзӕн. Ӕз ӕй Мӕхимӕ ӕрбаввахс кӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕм ӕрбахӕстӕг уыдзӕн. Йӕхи фӕндӕй Мӕм хӕстӕг ӕрбацӕуын чи бауӕнддзӕн? — зӕгъы Дунедарӕг. —
Моисей Ааронӕн загъта: «Гъе уымӕн дзырдта Дунедарӕг: „Мӕ разы чи лӕууы, уыдоныл Ӕз равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый, мӕ кад ӕппӕт адӕмы раз равдисдзынӕн“». Аарон хъусӕй лӕууыд.
Хуыцау ын загъта: „Дӕ дзабыртӕ ралас дӕ къӕхтӕй, уымӕн ӕмӕ, цы бынаты лӕууыс, уый у уаз зӕхх.
Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, рӕсӕнуаты ис уемӕ, цӕмӕй уӕ хъахъхъӕна, ӕмӕ уе знӕгтыл уӕлахиз кӕнат. Уымӕ гӕсгӕ уӕ рӕсӕнуат сыгъдӕг хъуамӕ уа, цӕмӕй уын уӕ худинаг ма фена ӕмӕ уыл Йӕхи ма атигъ кӕна.
Уымӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ бон нӕ уыди, цы сын фӕдзӕхстӕуыд, уымӕ хъусын: «Хохыл суанг сырд куы бандзӕва, уӕд уый дӕр дуртӕй мард ӕрцӕуӕд».
Дунедарӕджы ӕфсады фӕтӕг Йешуайӕн загъта: «Дӕ дзабыртӕ ралас, уымӕн ӕмӕ, кӕм лӕууыс, уыцы бынат уаз у». Ӕмӕ Йешуа бакасти йӕ коммӕ.
Уыцы уӕларвон хъӕлӕс мах фехъуыстам нӕхӕдӕг, сыгъдӕг хохыл Йемӕ куы уыдыстӕм, уӕд.