5 Аароныл скӕн йӕ дарӕс — хӕдон, ефоды бын цы пӕлӕз вӕййы, уый, стӕй ефод ӕмӕ риуылдарӕн. Ефод ыл йӕ астӕубосӕй ӕрбабӕтт.
Ноджы ма скӕн Дунедарӕджы амындтыты риуылдарӕн, уый дӕр, ефодау, — сыгъзӕрин ӕндӕхтӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй, стӕй здыхт гӕнӕй, нывӕфтыдтимӕ.
Ефоды бын дарынӕн скӕн пӕлӕз, ӕгасӕй дӕр — ӕрвхуыз.
Ааронӕн лыстӕг гӕнӕй бауаф нывӕфтыд хӕдон, скӕн ын сарыхъ лыстӕг гӕнӕй, бауаф ын нывӕфтыд рон.
Уыдон сын сӕ дарӕстыл ныххӕцыдысты ӕмӕ сӕ рӕсӕнуатӕй ӕддӕмӕ рахастой, Моисей сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.