44 Фембӕлды Цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕн скӕндзынӕн уаз, скӕндзынӕн уаз Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕр, цӕмӕй уой Мӕ сауджынтӕ.
ӕмӕ йын загъта: «Фехъуыстон дын дӕ куывд ӕмӕ дӕ лӕгъстӕ, цыдӕриддӕр Мӕ куырдтай, уый ӕмӕ, цы Кувӕндон сарӕзтай, уый срухс кодтон. Мыггагмӕ дзы цӕрдзӕни Мӕ ном, Мӕ цӕстытӕ ӕмӕ Мӕ зӕрдӕ ӕдзух уыдзысты уырдӕм арӕзт.
Уым Мӕхи ӕргом кӕндзынӕн израилӕгтӕм, ӕмӕ Цатыр Мӕ кады фӕрцы суыдзӕни уаз.
Ӕз цӕрдзынӕн израилӕгты ’хсӕн ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау,
Науӕд йӕ байзӕддӕгты йӕ мыггаджы ’хсӕн фӕчъизи кӕндзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы у, Уый».
Ма дзы хӕрӕнт, ма бацӕуӕнт тӕригъӕды, науӕд сӕ азым фидинаг фӕуыдзӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы сты, Уый».
Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын ӕххӕст кӕнӕнт, цӕмӕй тӕригъӕды ма бацӕуой ӕмӕ ма амӕлой, сӕхи сыл кӕй атигъ кодтой, уый тыххӕй. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы сты, Уый.
уӕд, Фыд Кӕй срухс кодта ӕмӕ дунемӕ Кӕй рарвыста, Уымӕй афтӕ куыд дзурут: „Хуыцауы фауы“, „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн“ кӕй загътон, уый тыххӕй?