Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 29:41 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

41 Изӕрӕй нывондӕн цы уӕрыкк хӕссай, уыимӕ дӕр ӕмбӕлы ӕрбахӕссын ахӕм хойраджы хуын ӕмӕ сӕн — ӕхцон хӕрздӕф, арты нывонд Дунедарӕгӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 29:41
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сихорафон аивгъуыдта, адон та се ’рра митӕй изӕрыгон нывонд хӕссыны афонмӕ дӕр нӕма банцадысты. Фӕлӕ сӕм иу сым ӕмӕ иу дзуапп дӕр никӕцӕй ӕрыхъуыст, хъуыды дӕр сӕ ничи ӕркодта.


Изӕры нывонд хӕссын афон пехуымпар Илийа нывондхӕссӕнмӕ бацыд ӕмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, Авраамы, Исаакы ӕмӕ Израилы Хуыцау! Ацы бон иууылдӕр базонӕнт, Ды Израилӕн иунӕг Хуыцау кӕй дӕ, ӕз та Дӕ лӕггадгӕнӕг кӕй дӕн ӕмӕ ацы хъуыддаг иууылдӕр Дӕ дзырдӕй кӕй бакодтон, уый.


Паддзах Ахаз сауджын Уриайӕн бафӕдзӕхста: «Нырӕй фӕстӕмӕ стыр нывондхӕссӕныл судз райсомы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ изӕры хойраджы хуынтӕ. Мӕн ӕмӕ дзыллӕйы номӕй дӕр судз иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ, нывондхӕссӕныл-иу ӕркал сӕн, бапырх-иу ыл кӕн кусӕртты тугӕй. Ӕрхуы нывондхӕссӕн цы бауыдзӕн, уый та фӕстӕдӕр сбӕлвырд кӕндзынӕн».


Соломон Тиры паддзах Хираммӕ минӕвӕрттӕ арвыста ахӕм курдиатимӕ: «Мӕ фыд Давид йӕхицӕн галуан куы арӕзта, уӕд ын хорз баххуыс кодтай, ӕрбарвыстай йын кедр бӕлӕсты хъӕдӕрмӕг.


Мӕ хъӕстытӕ фӕкодтон Йӕ разы, мӕ хъизӕмар Ын раргом кодтон.


Банхъӕлмӕ-иу кӕсут мӕйы цыппӕрдӕсӕм бонмӕ ӕмӕ-иу ӕй изӕрдалынгты аргӕвдут: Израилы дзыллӕйӕ алкӕмӕн дӕр афтӕ гӕнгӕ у.


Фыццаг уӕрыккимӕ-иу ӕрбахӕсс хуын — ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай, къухӕй лӕмӕрст оливӕйы соимӕ хӕццӕйӕ — гины цыппӕрӕймаг хай, стӕй гины цыппӕрӕймаг хай сӕн.


Ацы иууылсудзинаг нывонд Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ, Дунедарӕджы размӕ, хӕссут ӕрвылбон, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ — уыцы Цатыры уӕм Ӕз ӕргом кӕндзынӕн Мӕхи ӕмӕ дзурдзынӕн демӕ.


Мӕ кувыны рӕстӕг, изӕры нывӕндты афонмӕ ’ввахс, мӕ разы февзӕрд, мӕ фыццаг цӕстылуайӕны кӕй федтон, уыцы Гавриил.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ