Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 29:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Сӕ иу — райсомӕй, иннӕ та — изӕрӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 29:39
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сихорафон аивгъуыдта, адон та се ’рра митӕй изӕрыгон нывонд хӕссыны афонмӕ дӕр нӕма банцадысты. Фӕлӕ сӕм иу сым ӕмӕ иу дзуапп дӕр никӕцӕй ӕрыхъуыст, хъуыды дӕр сӕ ничи ӕркодта.


Паддзах Ахаз сауджын Уриайӕн бафӕдзӕхста: «Нырӕй фӕстӕмӕ стыр нывондхӕссӕныл судз райсомы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ изӕры хойраджы хуынтӕ. Мӕн ӕмӕ дзыллӕйы номӕй дӕр судз иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ хойраджы хуынтӕ, нывондхӕссӕныл-иу ӕркал сӕн, бапырх-иу ыл кӕн кусӕртты тугӕй. Ӕрхуы нывондхӕссӕн цы бауыдзӕн, уый та фӕстӕдӕр сбӕлвырд кӕндзынӕн».


Райсомӕй, Дунедарӕгӕн хойраджы хуын куы снывонд кӕнынц, уыцы заман, Едомы хӕхтӕй афтӕ бирӕ дон рагуылф кодта, ӕмӕ дзы зӕхх байдзаг ис.


Ӕрвылрайсом ӕмӕ ӕрвылизӕр Ын хӕссынц иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ судзынц хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; сыгъдӕг фынгыл рӕнхъытӕй равӕрынц кувӕггаг дзултӕ. Ӕрвылизӕр сыгъзӕрин цырагъдарӕнӕн йӕ цырӕгътӕ ссудзынц. Мах ӕххӕст кӕнӕм Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, уагӕвӕрдтӕ, сымах та Йыл уӕхи атигъ кодтат.


Соломон Тиры паддзах Хираммӕ минӕвӕрттӕ арвыста ахӕм курдиатимӕ: «Мӕ фыд Давид йӕхицӕн галуан куы арӕзта, уӕд ын хорз баххуыс кодтай, ӕрбарвыстай йын кедр бӕлӕсты хъӕдӕрмӕг.


афтӕмӕй, лигъдӕтты ӕнаккаг миты тыххӕй Израилы Хуыцауы азарӕй ӕдас чи нӕ уыди, уыдон иууылдӕр мӕ алыварс ӕрбамбырд сты. Изӕры нывонд хӕссыны афонмӕ мӕ бынатӕй змӕлгӕ дӕр нӕ фӕкодтон.


Мӕ хъӕстытӕ фӕкодтон Йӕ разы, мӕ хъизӕмар Ын раргом кодтон.


О мӕ Паддзах, мӕ Хуыцау, Дӕумӕ кувын, мӕ хъӕр Дӕм фехъуысӕд!


Банхъӕлмӕ-иу кӕсут мӕйы цыппӕрдӕсӕм бонмӕ ӕмӕ-иу ӕй изӕрдалынгты аргӕвдут: Израилы дзыллӕйӕ алкӕмӕн дӕр афтӕ гӕнгӕ у.


Фыццаг уӕрыккимӕ-иу ӕрбахӕсс хуын — ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссады ефӕйы дӕсӕймаг хай, къухӕй лӕмӕрст оливӕйы соимӕ хӕццӕйӕ — гины цыппӕрӕймаг хай, стӕй гины цыппӕрӕймаг хай сӕн.


Мӕ кувыны рӕстӕг, изӕры нывӕндты афонмӕ ’ввахс, мӕ разы февзӕрд, мӕ фыццаг цӕстылуайӕны кӕй федтон, уыцы Гавриил.


Буд судзыны рӕстӕджы кӕрты уыди бирӕ кувӕг адӕм.


Уыцы зӕрдӕбавӕрды сӕххӕстӕй ныфс ис нӕ дыууадӕс мыггаджы дӕр, ӕмӕ ӕхсӕвӕй-бонӕй удуӕлдайӕ лӕггад кӕнынц Хуыцауӕн. Уыцы ныфсы тыххӕй, паддзах, мӕн иудейӕгтӕ аххосджын кӕнынц.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ