34 Нывонды дзидзатӕ кӕнӕ ма дзултӕй райсоммӕ цы баззайа, уыдон-иу басудз. Мачи дзы саходӕд — уаз сты.
Райсоммӕ-иу дзы мацыуал ныууадзут, цы дзы нӕ бахӕрат, уый арты басудзут.
Моисей сын загъта: «Райсоммӕ дзы мацы ныууадзут».
Кусарт Мын куы кӕнат, уӕд-иу уӕ кусӕрттаджы туг ӕнхъизӕнӕй конд дзулыл ма ’ркӕлӕд. Мӕ бӕрӕгбӕтты нывӕндты фиу райсоммӕ макуы ныууадзут.
Кусартӕн райс йӕ сойтӕ: дымӕг, хуылфыдзаумӕттыл цы фиу ис, уый иууылдӕр, игӕры ӕфтуанхай, уыргтӕ ӕд фиу, стӕй ма, фырӕн, сауджын суӕвыны тыххӕй нывондӕн хаст кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ рахиз сгуы дӕр.
Аароны сауджын скӕныны охыл нывондӕн цы фыр ӕрхастой, уымӕн йӕ кӕразимаг райс ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сис. Уый уыдзӕни дӕ хай.
Израилӕгтӕ сӕ раттӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, ӕмӕ сын уый уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд. Сӕ фидыды нывӕндтӕй дӕр мысайнаг хицӕн кӕнӕнт Дунедарӕджы номыл.
Кусарт Мын куы кӕнат, уӕд-иу уӕ кусӕрттаджы туг ӕнхъизӕнӕй конд дзулыл ма ’ркӕлӕд. Куадзӕны нывонды дзидза уын райсоммӕ макуы баззайӕд.
Моисей бафарста, тӕригъӕды нывондӕн кӕй ӕрхастой, уыцы цӕу кӕм ис, зӕгъгӕ, ӕмӕ базыдта, ныридӕгӕн сыгъд кӕй ӕрцыди, уый. Моисей смӕсты ис Елеазар ӕмӕ Итамармӕ, Аароны фырттӕй ма удӕгасӕй чи баззади, уыдонмӕ. Загъта сын:
Дзидза ӕмӕ дзулӕй цы баззайа, уый-иу арты басудзут.