Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 29:31 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

31 Нывонд фыры дзидза райс ӕмӕ йӕ уаз бынаты сфыц.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 29:31
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ байзӕддагӕй йӕ фӕстӕ сауджын чи суа, уый-иу сӕ скӕнӕд ӕмӕ сӕ фӕдарӕд авд боны дӕргъы — Фембӕлды Цатырмӕ-иу бацӕуӕд ӕмӕ Уаз Цӕрӕны лӕггад кӕнӕд уыцы дарӕсы.


Дзидза дӕр ӕмӕ чыргъӕды дзултӕ дӕр Аарон йӕ фырттимӕ хӕрӕд Фембӕлды Цатыры къӕсӕрмӕ.


Кӕимӕ уыдтӕн, уыцы лӕг мын загъта: «Фӕзы цур цӕгатӕрдӕм ӕмӕ хуссарӕрдӕм чи кӕсы, уыцы агъуыстытӕ сты уаз, Кувӕндоны мидӕг, Дунедарӕгӕн чи кусы, уыцы сауджынтӕн лӕвӕрд сты. Ам фӕхӕрынц, нывӕндтӕй сӕм цы хӕйттӕ хауы, уыдон. Ам ӕрӕвӕрынц иууылсыгъдӕг мысайнӕгтӕ, хойраджы хуынтӕ, тӕригъӕды нывонд ӕмӕ фиддоны нывонд, уымӕн ӕмӕ ацы бынат уаз у.


Сауджын суӕвыны нывондӕн Моисей ӕрбакодта ӕндӕр фыр, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрдтой.


Моисей Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн загъта: «Фембӕлды Цатыры къӕсӕры раз дзидза сфыцут ӕмӕ дзы уым, сауджын суӕвыны нывонды хуынӕй чыргъӕды цы дзул ис, уыимӕ бахӕрут, куыд уын бафӕдзӕхстон, афтӕ. Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ бахӕрӕнт.


сауджынтӕм адӕмы раз цы хӕстӕ хауы, уыдон ницӕмӕ дардтой. Исчи нывонд ӕрхаста ӕмӕ ныридӕгӕн дзидзатӕ уӕларт фыцынц, зӕгъгӕ, уӕд-иу сауджыны лӕггадгӕнӕг ӕртыкъахыг фыдисимӕ ӕрбацыд,


Ӕгӕрыстӕмӕй-иу нывондӕн йӕ фиу дӕр нӕма басыгътой, афтӕ-иу ӕрбацыди сауджыны лӕггадгӕнӕг ӕмӕ-иу загъта нывонд ӕрхӕссӕгӕн: «Ӕри-ма фыдызгъӕл сауджынӕн физонӕгӕн. Фыхӕй йӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ хомӕй».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ