29 Аароны уаз дарӕс йӕ фӕстӕ баззайӕд йӕ байзӕддӕгтӕн: сӕ уӕлӕ-иу сӕ скӕндзысты, куы-иу сӕ сӕрдой ӕмӕ сӕ сауджынлӕггадӕн куы нывонд кӕной, уӕд.
Сымах атардтат Дунедарӕджы сауджынты, Аароны байзӕддӕгты, стӕй левитты, ӕмӕ уӕхицӕн сӕвӕрдтат, иннӕ адӕмтӕм цы сауджынтӕ ис, ахӕмты. Сауджын суӕвыны охыл уӕм нывонд ӕрхӕссынмӕ иу уӕныг ӕмӕ авд фыримӕ чидӕриддӕр ӕрбацӕуы, уымӕй уайсахат мӕнг хуыцӕутты сауджын ацаразут.
Де ’фсымӕр Ааронӕн скӕнын кӕн уаз дарӕстӕ — кад ӕмӕ рӕсугъддзинады нысанӕн.
Израилӕгтӕ сӕ раттӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, ӕмӕ сын уый уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд. Сӕ фидыды нывӕндтӕй дӕр мысайнаг хицӕн кӕнӕнт Дунедарӕджы номыл.
Йӕ байзӕддагӕй йӕ фӕстӕ сауджын чи суа, уый-иу сӕ скӕнӕд ӕмӕ сӕ фӕдарӕд авд боны дӕргъы — Фембӕлды Цатырмӕ-иу бацӕуӕд ӕмӕ Уаз Цӕрӕны лӕггад кӕнӕд уыцы дарӕсы.
Байсӕрд Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕр ӕмӕ Мын сӕ снывонд кӕн, цӕмӕй суой Мӕ сауджынтӕ.
Сӕ фыды сын куыд байсӕрстай, афтӕ уыдоны дӕр байсӕрд, цӕмӕй суой Мӕ сауджынтӕ. Уыцы байсӕрсты фӕрцы сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр уыдзысты сауджынтӕ — мыггагмӕ, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ».
Тӕригъӕд ныббарыны ӕгъдау-иу сӕххӕст кӕнӕд, йӕ фыды бынатмӕ сауджынӕн кӕй байсӕрстой, уый. Йӕ уӕлӕ-иу скӕнӕд гӕн хъуымацӕй дарӕс — уаз дарӕс,
Дунедарӕг Моисейӕн загъта:
Дунедарӕг загъта Ааронӕн: «Ӕз дын дӕ бар кӕнын, израилӕгтӕй Мӕм цыдӕриддӕр лӕвӕрттӕ ӕмӕ уаз хуынтӕ цӕуа, уыдон. Дӕу ӕмӕ сӕ дӕ байзӕддӕгты хай кӕнын мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй.
Дзыллӕ хъуамӕ марӕджы фервӕзын кӕной тугисӕджы къухӕй ӕмӕ йӕ, кӕдӕм алыгъди, йӕ уыцы ӕмбӕхсӕн сахарыл фӕстӕмӕ сӕмбӕлын кӕной. Цӕрӕд уым уаз сойӕ сӕрст хистӕр сауджыны амӕлӕтмӕ.