Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 29:28 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

28 Израилӕгтӕ сӕ раттӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, ӕмӕ сын уый уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд. Сӕ фидыды нывӕндтӕй дӕр мысайнаг хицӕн кӕнӕнт Дунедарӕджы номыл.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 29:28
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Де ’фсымӕр Ааронӕн скӕнын кӕн уаз дарӕстӕ — кад ӕмӕ рӕсугъддзинады нысанӕн.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн рахицӕн кӕн, хӕрдмӕ кӕй систӕуыд, нывондӕн хаст фыры уыцы кӕразимаг ӕмӕ рахиз сгуы ӕмӕ сӕ уазыл банымай.


Аароны уаз дарӕс йӕ фӕстӕ баззайӕд йӕ байзӕддӕгтӕн: сӕ уӕлӕ-иу сӕ скӕндзысты, куы-иу сӕ сӕрдой ӕмӕ сӕ сауджынлӕггадӕн куы нывонд кӕной, уӕд.


Исчи фидыды нывонд стурвосӕй куы хӕсса, гал кӕнӕ хъуг, уӕд Дунедарӕджы размӕ ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат кусӕрттаг.


Уӕ хыссӕйы сӕртӕй конд гуылӕй кувут Дунедарӕгӕн фыдӕй-фыртмӕ.


Зӕххы хайы бӕсты сын Ӕз, израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн кӕй дӕттынц, уыцы дӕсӕймаг хай радтон. Уымӕн зӕгъын, израилӕгты ’хсӕн сын зӕххы хай кӕй нӕ уыдзӕн».


Цыдӕриддӕр уын хӕссынц — алцӕмӕй дӕр Дунедарӕгӕн рахицӕн кӕнут ӕппӕты хуыздӕр хай, уаз хай.


Дунедарӕг загъта Ааронӕн: «Ӕз дын дӕ бар кӕнын, израилӕгтӕй Мӕм цыдӕриддӕр лӕвӕрттӕ ӕмӕ уаз хуынтӕ цӕуа, уыдон. Дӕу ӕмӕ сӕ дӕ байзӕддӕгты хай кӕнын мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй.


ӕмӕ уыцы ран Моисей раласта йӕ дарӕс Ааронӕн ӕмӕ йын сӕ йӕ фырт Елеазарыл скодта. Аарон уым, хохы сӕр, амарди, Моисей ӕмӕ Елеазар та дӕлӕмӕ ӕрцыдысты.


Уыдон, цы хай сӕм хауы, уымӕй рахицӕн кӕн ӕмӕ сӕ, Дунедарӕгӕн скувынӕн, сауджын Елеазарӕн ратт.


Ӕмӕ радта Моисей сауджын Елеазарӕн Дунедарӕджы хъалон, Йӕ мысайнаг, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Алы сауджын дӕр, цы уаз лӕвӕрттӕ йӕм ӕрбахӕссынц, уыдон йӕхицӕн ныууадзы: сауджынӕн цы рардӕуы, уый йӕ хай у».


Израилӕгты мысайнӕгтӕ, сӕ уаз лӕвӕрттӕ, иууылдӕр сауджынты сты.


Ӕмӕ сӕ сауджын хъуамӕ хӕрдмӕ сиса Дунедарӕджы раз. Уыдон сты уаз — сауджыны хай, нывонды кӕразимаг ӕмӕ сгуыйӕн уӕлӕмхасӕн. Уый фӕстӕ назирӕн сӕн нуазыны бар ис.


Стур кӕнӕ лыстӕг фосы кусартӕн йӕ базыг, ӕфсӕр ӕмӕ ахсӕн уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ сауджынтӕм хауынц, ӕмӕ сӕ алчидӕр хъуамӕ уыдонӕн дӕтта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ