26 Аароны сауджын скӕныны охыл нывондӕн цы фыр ӕрхастой, уымӕн йӕ кӕразимаг райс ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сис. Уый уыдзӕни дӕ хай.
Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн рахицӕн кӕн, хӕрдмӕ кӕй систӕуыд, нывондӕн хаст фыры уыцы кӕразимаг ӕмӕ рахиз сгуы ӕмӕ сӕ уазыл банымай.
Сауджын фыргуисттӕй иуы ракӕнӕд ӕмӕ йӕ оливӕйы сойы кӕхцимӕ фиддоны нывондӕн ӕрхӕссӕд, уый фӕстӕ сӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисӕд.
Дунедарӕгӕн хъуамӕ арты нывонд ӕрхӕсса йӕхи къухӕй: кусарты фиу ӕмӕ кӕразимаг ӕрбахӕссӕд ӕмӕ Дунедарӕджы раз кӕразимаг хӕрдмӕ сисӕд.
Сауджын нывондхӕссӕныл фиу басудзӕд, кӕразимаг та у Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай.
Уымӕн ӕмӕ Ӕз израилӕгтӕн сӕ фидыды нывӕндтӕй райстон, хӕрдмӕ кӕй систӕуы, уыцы кӕразимаг, стӕй рахиз сгуы ӕмӕ сӕ дӕттын сауджын Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн. Уый сын у мыггагмӕйы хай израилӕгтӕй».
Моисей райста фыры кӕразимаг ӕмӕ йӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ систа. Уый уыди Моисейы хай, сауджынлӕггадӕн ӕй снывонд кӕнынӕн цы нывонд ӕрхастӕуыди, уымӕй, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
кӕразимӕгтӕ ӕмӕ рахиз сгуы та хӕрдмӕ систа Дунедарӕджы раз, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.