23 Дунедарӕджы раз цы донгонд дзулты чыргъӕд ис, уыдонӕй дӕр сис: иу — дзул, иу — сойхӕццӕ хыссӕйӕ конд, иу — тӕнӕг.
Кусартӕн райс йӕ сойтӕ: дымӕг, хуылфыдзаумӕттыл цы фиу ис, уый иууылдӕр, игӕры ӕфтуанхай, уыргтӕ ӕд фиу, стӕй ма, фырӕн, сауджын суӕвыны тыххӕй нывондӕн хаст кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ рахиз сгуы дӕр.
Иууылдӕр сӕ Аарон ӕмӕ йӕ фыртты къухтӕм ратт ӕмӕ сын сӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисын кӕн, нывонд Ын кӕй сты, уый охыл.
Дунедарӕджы раз цы донгонд дзулты чыргъӕд уыди, уымӕй иу донгонд дзул, иу сойыфых ӕмӕ иу лауаси райста, фиутӕ ӕмӕ рахиз сгуыйы сӕрыл сӕ сӕвӕрдта.