Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 29:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

22 Кусартӕн райс йӕ сойтӕ: дымӕг, хуылфыдзаумӕттыл цы фиу ис, уый иууылдӕр, игӕры ӕфтуанхай, уыргтӕ ӕд фиу, стӕй ма, фырӕн, сауджын суӕвыны тыххӕй нывондӕн хаст кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ рахиз сгуы дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 29:22
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый фӕстӕ райс, хуылфыдзаумӕттыл цы фиу ис, уый, игӕры ӕфтуанхай, стӕй уыргтӕ ӕд фиу. Нывондхӕссӕныл сӕ басудз.


Уый фӕстӕ райс, нывондхӕссӕныл цы туг уа, уымӕй, стӕй сӕрдӕн сой ӕмӕ дзы бапырх кӕн Аароныл ӕмӕ йӕ дарӕсыл, стӕй Ааронӕн йӕ фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл, ӕмӕ афтӕмӕй снывонд чындӕуыдзӕн Ааронӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дарӕс дӕр, стӕй Аароны фырттӕн сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ дарӕс дӕр.


Дунедарӕджы раз цы донгонд дзулты чыргъӕд ис, уыдонӕй дӕр сис: иу — дзул, иу — сойхӕццӕ хыссӕйӕ конд, иу — тӕнӕг.


Хӕрдмӕисгӕ кӕразимаг ӕмӕ хуыны сгуы та бахӕрут сыгъдӕг ран, дӕхӕдӕг дӕр, стӕй дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ уыдон израилӕгты фидыды нывӕндтӕй дӕу ӕмӕ дӕ байзӕддӕгты хай сты.


Сауджын фыргуисттӕй иуы ракӕнӕд ӕмӕ йӕ оливӕйы сойы кӕхцимӕ фиддоны нывондӕн ӕрхӕссӕд, уый фӕстӕ сӕ Дунедарӕджы раз хӕрдмӕ сисӕд.


Фидыды нывондӕн йӕ фиу иууылдӕр Дунедарӕгӕн арты нывондӕн ӕрхӕссӕд: кусарты дымӕг ӕнӕхъӕнӕй (йӕ тӕккӕ рӕбыныл ӕй рагъыстӕгӕй фӕхицӕн кӕнӕд, афтӕмӕй), хуылфыдзаумӕтты фиу,


Нывондӕн йӕ нӕрдтӕ иууылдӕр ӕрбахӕссын хъӕуы: дымӕг, хуылфыдзаумӕтты фиу,


Адон сты иууылсудзинаг нывӕндтӕ, хойраджы хуынтӕ, тӕригъӕды нывӕндтӕ, фиддоны нывӕндтӕ, сауджын суӕвыны нывӕндтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ хӕссыны ӕгъдӕуттӕ.


Дымӕг, хуылфыдзаумӕтты фиу, стӕй уыргты фиу ӕмӕ игӕрты ӕфтуанхӕйттӕ


кӕразимӕгтӕ ӕмӕ рахиз сгуы та хӕрдмӕ систа Дунедарӕджы раз, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


Фыдызгъӕл та — дӕхи, Дунедарӕгӕн кӕй снывонд кӕнынц, уыцы кӕразимаг у дӕхи, стӕй кусарты рахиз сгуы дӕр афтӕ.


Хӕринаггӕнӕг рахаста сгуы ӕмӕ йӕ Саулы раз ӕрӕвӕрдта. Самуел Саулӕн загъта: «Мӕнӕ, дӕуӕн кӕй бавӕрын кодтон, уыцы хай. Дӕ хорзӕхӕй, ӕрӕвнал ӕмӕ саход. Куывддонтӕм куы фӕдзырдтон, уӕдӕй тӕккӕ ацы сахаты онг дӕу тыххӕй ӕвӕрд уыд». Афтӕ уыцы бон Саул ӕмвынг уыди Самуелимӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ