Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 29:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Уый фӕстӕ райс, нывондхӕссӕныл цы туг уа, уымӕй, стӕй сӕрдӕн сой ӕмӕ дзы бапырх кӕн Аароныл ӕмӕ йӕ дарӕсыл, стӕй Ааронӕн йӕ фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл, ӕмӕ афтӕмӕй снывонд чындӕуыдзӕн Ааронӕн йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ дарӕс дӕр, стӕй Аароны фырттӕн сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ дарӕс дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 29:21
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Кувӕндонмӕ уӕ къухтӕ дарут ӕмӕ арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн!


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ цӕмӕй Мӕ сауджынтӕ суой, уый тыххӕй Мын сӕ срухс кӕн мӕнӕ афтӕ. Равзар иу гал ӕмӕ дыууӕ ӕнӕсахъат фыры.


Ды-иу ӕй аргӕвд ӕмӕ йын йӕ тугӕй ацахор Аарон ӕмӕ йӕ фыртты рахиз хъусты ӕлгътӕ, стӕй сӕ рахиз къухты хистӕр ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ сӕ рахиз къӕхты хистӕр ӕнгуылдзтӕ. Иннӕ туг-иу нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бакал.


Кусартӕн райс йӕ сойтӕ: дымӕг, хуылфыдзаумӕттыл цы фиу ис, уый иууылдӕр, игӕры ӕфтуанхай, уыргтӕ ӕд фиу, стӕй ма, фырӕн, сауджын суӕвыны тыххӕй нывондӕн хаст кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ рахиз сгуы дӕр.


Уый фӕстӕ райс оливӕйы сой, йӕ сӕрыл ын ӕй рауадз ӕмӕ йӕ байсӕрд.


Сауджынӕн ма йӕ армы дзыхъхъы цы сой баззайа, уымӕй, сыгъдӕг кӕй кӕны, уымӕн йӕ сӕр дӕр байсӕрдӕд, ӕмӕ афтӕмӕй Дунедарӕджы раз уыцы адӕймаджы ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау сӕххӕст кӕнӕд.


Ахӕм у Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай Дунедарӕджы номыл хаст нывӕндтӕй, Дунедарӕджы сауджынтӕ куы систы, уӕдӕй фӕстӕмӕ.


Моисей йӕ аргӕвста, йӕ тугӕй йын райста ӕмӕ дзы Ааронӕн йӕ рахиз хъусы кӕрон, йӕ рахиз къухы хистӕр ӕнгуылдз ӕмӕ йӕ рахиз къахы хистӕр ӕнгуылдз ацахуырста.


Уый фӕстӕ Моисей райста сӕрдӕн сой. Нывондхӕссӕныл цы туг уыди, уымӕй систа ӕмӕ дзы бапырх кодта Аароныл, стӕй йӕ дарӕсыл, Аароны фырттыл ӕмӕ сӕ дарӕсыл. Афтӕмӕй уазлӕггадӕн снывонд кодта Аароны, срухс ын кодта йӕ дарӕс, стӕй йӕ фыртты ӕмӕ уыдоны дарӕс дӕр.


Ӕмӕ уыдоны сӕраппонд Ӕз Мӕхи нывонд кӕнын Дӕуӕн, цӕмӕй уыдон дӕр ӕцӕгады фӕрцы Дӕу бауой.


уӕд, куыд ӕнхъӕл стут, цас карздӕр ӕфхӕрды аккаг уыдзӕни, Хуыцауы Фырты чи ссӕнды ӕмӕ, сыгъдӕггонд кӕмӕй ӕрцыди, Фидыды уыцы Туг чи ницӕмӕ дары ӕмӕ фарндӕттӕг Уды чи фауы, уый?


Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, ӕппӕт дӕр сыгъдӕггонд цӕуы тугӕй, ӕмӕ, туг куынӕ ныккӕла, уӕд хатыр нӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ