Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 29:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Райс донгонд дзул, сойхӕццӕ донгонд гуылтӕ ӕмӕ сойхӕццӕ донгонд лауаситӕ — се ’ппӕт дӕр ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй —

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 29:2
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дзидза иууылдӕр тӕккӕ уыцы ӕхсӕв хъуамӕ хӕрд ӕрцӕуа, хӕрын ӕй хъӕуы физонӕгфыхӕй, донгонд дзултӕ ӕмӕ маст кӕрдӕджытимӕ.


Дунедарӕджы раз цы донгонд дзулты чыргъӕд ис, уыдонӕй дӕр сис: иу — дзул, иу — сойхӕццӕ хыссӕйӕ конд, иу — тӕнӕг.


ӕмӕ сӕ нывӕр иу чыргъӕды. Чыргъӕд ӕрбахӕсс, ӕрбакӕн гал ӕмӕ дыууӕ фыры дӕр.


Оливӕйы сой сыл ӕркӕн ӕмӕ сыл уӕлейӕ буд ӕрӕвӕр. Уый у хойраджы хуын.


Нывондхӕссӕны арт ӕдзухдӕр судзӕд, макуы ахуыссӕд.


Алы хойраджы хуын дӕр — сойамӕст уа ӕви хус — Аароны ӕппӕт байзӕддӕгтӕм хауы. Хъуамӕ сӕм дзы ӕрхауа ӕмхуызон хӕйттӕ.


Йӕ нывонд бузныджы фӕдыл кӕмӕн уа, уый ма йын йемӕ ӕрбахӕссӕд донгонд тӕнджытӕ — сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй конд, стӕй оливӕйы сойӕ сӕрст донгонд лауаситӕ ӕмӕ сойамӕст мӕнӕуы ссадӕй конд тӕнджытӕ.


«Фӕдзур Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм, райс дарӕстӕ, сӕрдӕн сой, тӕригъӕды нывондӕн — гал, стӕй дыууӕ фыры ӕмӕ донгонд дзулты чыргъӕд.


Дунедарӕджы раз цы донгонд дзулты чыргъӕд уыди, уымӕй иу донгонд дзул, иу сойыфых ӕмӕ иу лауаси райста, фиутӕ ӕмӕ рахиз сгуыйы сӕрыл сӕ сӕвӕрдта.


чыргъӕды — сойхӕццӕ ӕвзаргӕ мӕнӕуы ссадӕй донгонд гуылтӕ, оливӕйы сойӕ сӕрст донгонд тӕнджытӕ, семӕ ма ноджы хойраджы хуын ӕмӕ сӕн.


Назир йӕ сӕры хил куы алвына, уӕд сауджын хъуамӕ сиса фыры фых базыг, иу донгонд гуыл ӕмӕ иу донгонд тӕнӕг ӕмӕ сӕ назиры ӕрмттыл ӕрӕвӕра.


Уӕдӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут зӕронд ӕнхъизӕнӕй, цӕмӕй фестат ног, ӕнӕнхъизӕн хыссӕ. Сымах ӕцӕгдӕр ахӕмтӕ стут, уымӕн ӕмӕ Чырыстийы, нӕ Куадзӕны Уӕрыччы, нывондӕн ӕрхастӕуыд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ