19 Ӕрбакӕн дыккаг фыр, ӕмӕ уымӕн дӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт.
Ды-иу ӕй аргӕвд ӕмӕ йын йӕ тугӕй ацахор Аарон ӕмӕ йӕ фыртты рахиз хъусты ӕлгътӕ, стӕй сӕ рахиз къухты хистӕр ӕнгуылдзтӕ ӕмӕ сӕ рахиз къӕхты хистӕр ӕнгуылдзтӕ. Иннӕ туг-иу нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бакал.
ӕмӕ сӕ нывӕр иу чыргъӕды. Чыргъӕд ӕрбахӕсс, ӕрбакӕн гал ӕмӕ дыууӕ фыры дӕр.
Иууылсудзинаг нывонды сӕрыл йӕ къух ӕрӕвӕрӕд, цӕмӕй йын ӕй айстӕуа ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой.
Йӕ къух ын йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур аргӕвдӕд. Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ та йын йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.