15 Ӕрбакӕн-иу фыр, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт.
Фембӕлды Цатыры размӕ ӕрбакӕн гал, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт.
Фыры аргӕвд ӕмӕ йын йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бакал.
Ӕрбакӕн дыккаг фыр, ӕмӕ уымӕн дӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт.
ӕмӕ сӕ нывӕр иу чыргъӕды. Чыргъӕд ӕрбахӕсс, ӕрбакӕн гал ӕмӕ дыууӕ фыры дӕр.
Йӕ къух ын йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур аргӕвдӕд. Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ та йын йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.