10 Фембӕлды Цатыры размӕ ӕрбакӕн гал, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт.
Дунедарӕджы раз, Цатыры къӕсӕрмӕ, аргӕвд галы,
Ӕрбакӕн-иу фыр, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт.
Ӕрбакӕн дыккаг фыр, ӕмӕ уымӕн дӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт.
Иууылдӕр уыдыстӕм дзӕгъӕл фыстау, ӕмӕ нӕ алчидӕр аздӕхт йӕхи фӕндагыл, Дунедарӕг та Ууыл сӕвӕрдта не ’ппӕты азым.
Ссыгъдӕг кӕныны ӕгъдау куы сӕххӕст кӕнай, уӕд-иу галты дзугӕй ӕрбакӕн ӕнӕсахъат гал, фысты дзугӕй та — ӕнӕсахъат фыр.
Иууылсудзинаг нывонды сӕрыл йӕ къух ӕрӕвӕрӕд, цӕмӕй йын ӕй айстӕуа ӕмӕ йӕ тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой.
Йӕ дыууӕ къухы-иу цӕуы сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ-иу афтӕмӕй басӕттӕд израилӕгты ӕппӕт азымыл, се ’ппӕт фыдракӕндтӕ ӕмӕ се ’ппӕт тӕригъӕдтыл — цӕуы сӕрыл сӕ сӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй цумайы лӕгимӕ ӕдзӕрӕг быдырмӕ арвитӕд.
Йӕ къух ын йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур аргӕвдӕд. Аароны байзӕддӕгтӕ, сауджынтӕ та йын йӕ туг нывондхӕссӕныл алырдыгӕй бапырх кӕнӕнт.
Ӕрлӕууын ӕй кӕнӕд Фембӕлды Цатыры къӕсӕры цур, Дунедарӕджы раз. Йӕ къух галы сӕрыл ӕрӕвӕрӕд ӕмӕ йӕ стӕй аргӕвдӕд Дунедарӕджы раз.
Моисей тӕригъӕды нывондӕн ӕрбакодта гал. Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ галы сӕрыл ӕрӕвӕрдтой.
Моисей иууылсудзинаг нывондӕн ӕрбакодта фыр, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрдтой.
Левиттӕ та сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрӕнт галты сӕртыл: сӕ иу ӕрхӕсдзысты тӕригъӕды нывондӕн, иннӕ — Дунедарӕгӕн иууылсудзинаг нывондӕн, цӕмӕй левиттӕ сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг уой.
Тӕригъӕдтӕ Кӕмӕ нӕ уыди, Уый мах сӕраппонд Хуыцау бафхӕрдта тӕригъӕдджыны бафхӕрӕгау, цӕмӕй Йӕ фӕрцы сраст уӕм Хуыцауы раз.