8 Ефодӕн йӕ астӕубос дӕр хъуамӕ уа, йӕхӕдӕг цӕмӕй у, уымӕй: сыгъзӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй ӕмӕ здыхт гӕнӕй.
Ефоды дыууӕ кӕроныл хъуамӕ фидаргонд уа дыууӕ уӕхскбосы.
Райс дыууӕ оникс дуры ӕмӕ сыл скъах Израилы фыртты нӕмттӕ:
Аароныл скӕн йӕ дарӕс — хӕдон, ефоды бын цы пӕлӕз вӕййы, уый, стӕй ефод ӕмӕ риуылдарӕн. Ефод ыл йӕ астӕубосӕй ӕрбабӕтт.
Ефодӕн йӕ астӕубос дӕр скодтой, йӕхӕдӕг цӕмӕй у, уымӕй: сыгъзӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз, сӕнт сырх ӕмӕ игӕрхуыз тӕбынӕй ӕмӕ лыстӕг гӕнӕй, Дунедарӕг Моисейӕн куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Рӕстдзинад суыдзӕни Йӕ рон, иузӕрдиондзинад ӕрбабӕтдзӕни Йӕ синтыл.
Аароныл скодта хӕдон ӕмӕ йын ӕй ронӕй ӕрбабаста. Уый фӕстӕ йыл скодта пӕлӕз, уый ӕдде та — раздарӕн, астӕубосӕй йӕ ӕрбалвӕста.
Уымӕ гӕсгӕ уӕ зонд кӕддӕриддӕр уӕд ӕвронг ӕмӕ цӕттӕ уӕд архайынмӕ. Уӕ зӕрдӕ фидарӕй дарут, Йесо Чырысти куы ’рцӕуа, уӕд цы хорзӕх райсдзыстут, ууыл.
ӕмӕ цыма цырагъдарӕнты хсӕн лӕууы чидӕр — Адӕймаджы фырты ӕнгӕс. Йӕ уӕлӕ — даргъ дарӕс, Йӕ гуыр — сыгъзӕрин ронӕй ӕлвӕст.