6 Ефод скӕнӕнт сыгъзӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй ӕмӕ здыхт гӕнӕй, нывӕфтыдтимӕ.
ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын, лыстӕг гӕнӕй уафт хъуымӕцтӕ ӕмӕ тинтъычъи,
оникс ӕмӕ фӕлгӕты бавӕргӕ ӕндӕр зынаргъ дуртӕ — ефод ӕмӕ риуылдарӕн фӕлындынӕн.
Цатырӕн сцӕттӕ кӕн дӕс уӕфтӕджы — здыхт гӕнӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй. Сӕ уӕлӕ — херувимты дӕсны уафт фӕлгонцтӕ.
Ефоды дыууӕ кӕроныл хъуамӕ фидаргонд уа дыууӕ уӕхскбосы.
Аароныл скӕн йӕ дарӕс — хӕдон, ефоды бын цы пӕлӕз вӕййы, уый, стӕй ефод ӕмӕ риуылдарӕн. Ефод ыл йӕ астӕубосӕй ӕрбабӕтт.
Уымӕн ӕмӕ израилӕгтӕ бирӕ рӕстӕг баззайдзысты ӕнӕ паддзахӕй, ӕнӕ ӕлдарӕй ӕмӕ ӕнӕ нывондӕй; ӕнӕ нывондхӕссӕнӕй, ӕнӕ ефодӕй, ӕнӕ хӕдзарон хуыцаугондӕй.
Аароныл скодта хӕдон ӕмӕ йын ӕй ронӕй ӕрбабаста. Уый фӕстӕ йыл скодта пӕлӕз, уый ӕдде та — раздарӕн, астӕубосӕй йӕ ӕрбалвӕста.
Утӕппӕт сыгъзӕринӕй Гедеон саразын кодта ефод ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта йӕ сахары, Офрайы. Израилӕгтӕ йын табу кӕнын райдыдтой ӕмӕ мӕнг хуыцӕутты фӕдыл ацыдысты. Гедеон ӕмӕ йӕ мыггагӕн ефод сси сӕ ахсӕн хыз.
Ахимелехы фырт Авиафар Давидмӕ куы ӕрбалыгъд, уӕд Кеиламӕ ахаста ефод дӕр.