Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 28:43 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

43 Уыцы хӕлӕфтӕ уӕнт Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл, Фембӕлды Цатырмӕ цӕугӕйӕ, кӕнӕ, Уаз Цӕрӕны уаз куыст кӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕнмӕ куы баввахс вӕййынц, уӕд, цӕмӕй азымджын ма фӕуой ӕмӕ ма амӕлой. Уый у мыггагмӕйы уагӕвӕрд Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 28:43
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Нывондхӕссӕнмӕ къӕпхӕнтыл ма хиз, цӕмӕй йӕм дӕ худинаг ма разына.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ цӕст дарӕнт, цӕмӕй цырагъдарӕны цырӕгътӕ изӕрӕй райсоммӕ судзой Дунедарӕджы раз — Фембӕлды Цатыры мидӕг, Фидыды Чырын цы мидӕмбӕрзӕны фӕстӕ ис, уый раз. Уый — мыггагмӕйы уагӕвӕрд израилӕгтӕн фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


Сӕ къухтӕ ӕмӕ-иу сӕ къӕхтӕ ныхсӕнт, науӕд амӕлдзысты. Уый у мыггагмӕйы уагӕвӕрд Ааронӕн йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн дӕр, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ».


Мидӕггаг кӕрты кулдуармӕ ӕрбацӕугӕйӕ-иу сӕ уӕлӕ скӕнӕнт гӕн хъуымацӕй дарӕстӕ. Мидӕггаг кӕрты кулдуары цур ӕмӕ сыл Кувӕндоны хъуамӕ ма уа къуымбил дарӕстӕ.


Буд-иу Дунедарӕджы раз зынгыл ӕрӕвӕрӕд, ӕмӕ буды фӕздӕг Фидыды Чырыны сӕр ӕрӕмбӕрздзӕн, цӕмӕй Аарон ма амӕла.


Цы цӕуӕнгӕс дӕлимонтимӕ хӕтынц, уыдонӕн мауал хӕссӕнт нывӕндтӕ. Уый сын уӕд мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.


Сауджынтӕ дӕр-иу, израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн цы уаз хуынтӕ ӕрбахӕссынц, уыдон ма фӕчъизи кӕнӕнт.


Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын ӕххӕст кӕнӕнт, цӕмӕй тӕригъӕды ма бацӕуой ӕмӕ ма амӕлой, сӕхи сыл кӕй атигъ кодтой, уый тыххӕй. Ӕз Дунедарӕг дӕн, уаз Кӕй фӕрцы сты, Уый.


Уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ: кӕмдӕриддӕр цӕрат, кусарты фиутӕ ӕмӕ тугӕй уӕхи макуы фӕхъӕстӕ кӕнут».


Адӕймагӕн йӕ разы исты хабар ӕрцыди, йӕхи цӕстӕй цыдӕр федта ӕмӕ бӕлвырд исты зоны, фӕлӕ йӕхи ныхъхъус кодта, ӕвдисӕн нӕ ныллӕууыд ӕмӕ уымӕй тӕригъӕды бацыди, зӕгъгӕ, уӕд йӕ азымы тыххӕй хъуамӕ дзуапп ратта.


Исчи тӕригъӕды куы бацӕуа, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕй искӕцыйы сӕрты ӕнӕбары куы ахиза, цы не ’мбӕлы, ахӕм исты куы ракӕна, уӕд уыдзӕн азымджын.


Ӕхсӕнады фӕтк иу у сымахӕн дӕр ӕмӕ ӕрцӕуӕггӕгтӕн дӕр. Уый уын — мыггагмӕйы уагӕвӕрд, ӕмӕ йӕ ӕххӕст кӕнут фыдӕй-фыртмӕ. Дунедарӕджы раз ӕрцӕуӕггаг дӕр хъуамӕ кӕна, сымах куыд кӕнут, афтӕ.


Израилӕгтӕ та Фембӕлды Цатырмӕ хъуамӕ хӕстӕг ма цӕуой, науӕд фӕтӕригъӕдджын уыдзысты ӕмӕ амӕлдзысты.


азымджын нӕ уыдзыстут: дӕсӕймаг хайӕн йӕ хуыздӕр хай кӕй рахицӕн кодтат, уымӕ гӕсгӕ израилӕгты уаз хуынтӕ нӕ фӕчъизи кӕндзыстут ӕмӕ мӕлӕты амӕттаг нӕ бауыдзыстут».


Дунедарӕг загъта Ааронӕн: «Ӕз дын дӕ бар кӕнын, израилӕгтӕй Мӕм цыдӕриддӕр лӕвӕрттӕ ӕмӕ уаз хуынтӕ цӕуа, уыдон. Дӕу ӕмӕ сӕ дӕ байзӕддӕгты хай кӕнын мыггагмӕйы уагӕвӕрдӕй.


Сыгъдӕг чи у, фӕндагыл чи нӕ уыд ӕмӕ афтӕмӕй Куадзӕны нывонд чи не ’рхаста, уый йӕ адӕмӕй фӕхъӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕгӕн йӕ афоныл нывонд не ’рхаста; тӕригъӕды азар баййафдзӕн уыцы адӕймаджы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ