Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 28:42 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

42 Гӕнӕй сын бауафын кӕн цыбыр, зӕнджы фӕтасӕнтӕм чи ӕххӕсса, ахӕм хӕлӕфтӕ — сӕ худинаг ӕмбӕрзынӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 28:42
8 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Нывондхӕссӕнмӕ къӕпхӕнтыл ма хиз, цӕмӕй йӕм дӕ худинаг ма разына.


Мидӕггаг кӕрты кулдуармӕ ӕрбацӕугӕйӕ-иу сӕ уӕлӕ скӕнӕнт гӕн хъуымацӕй дарӕстӕ. Мидӕггаг кӕрты кулдуары цур ӕмӕ сыл Кувӕндоны хъуамӕ ма уа къуымбил дарӕстӕ.


Сӕ сӕртыл сӕ сарыхътӕ дӕр хъуамӕ уой гӕн хъуымацӕй; сӕ хӕлӕфтӕ дӕр хъуамӕ уой гӕн хъуымацӕй. Уымӕн ӕмӕ сын хид кӕнын не ’мбӕлы.


Йӕ уӕлӕ-иу скӕнӕд уаз хӕдон ӕмӕ мидӕггаг хӕлаф, йӕ астӕуыл ӕрбабӕттӕд рон, йӕ сӕрыл та-иу сарыхъ ӕркӕнӕд, се ’ппӕт дӕр — гӕн хъуымацӕй. Уыдон уаз дарӕс сты, ӕмӕ-иу се скӕныны размӕ йӕхи цынайӕд.


Райсомӕй сауджын йӕ уӕлӕ скӕнӕд гӕн хъуымацӕй дарӕс — пӕлӕз ӕмӕ мидӕггаг хӕлаф. Нывондхӕссӕнӕй, судзгӕ-судзын иууылсудзинаг нывонды сой кӕдӕм фӕтагъди, уыцы фӕнык сисӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны цур ӕркалӕд.


искӕй сӕфт дзаума чи ссара ӕмӕ йыл чи нӕ басӕтта — адӕм тӕригъӕды цӕй тыххӕй бацӕуынц, уыцы хъуыддӕгтӕй исты чи сараза ӕмӕ ма ноджы, нӕ уыдтӕн, зӕгъгӕ, мӕнг сомы чи ракӕна, —


Ӕз дын зӕгъын: арты чи ссыгъдӕг, ахӕм сыгъзӕрин балхӕн Мӕнӕй ӕмӕ схъӕздыг уай; ноджы ма балхӕн урс дарӕс, скӕн ӕй дӕ уӕлӕ ӕмӕ дӕ бӕгънӕг буары худинӕгтӕ мауал зыной. Цӕмӕй уынай, уый тыххӕй дӕр балхӕн хос Мӕнӕй ӕмӕ дзы дӕ цӕстытӕ байсӕрд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ