Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 28:40 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

40 Аароны фырттӕн бауаф хӕдӕттӕ, рӕттӕ ӕмӕ сӕрылбӕттӕнтӕ — кад ӕмӕ аивы нысанӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 28:40
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Де ’фсымӕр Ааронӕн скӕнын кӕн уаз дарӕстӕ — кад ӕмӕ рӕсугъддзинады нысанӕн.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн сцӕттӕ кӕнӕнт ахӕм уаз дарӕс: риуылдарӕн, ефод, пӕлӕз, нывӕфтыд хӕдон, сарыхъ ӕмӕ рон, цӕмӕй Мын сауджынлӕггад кӕной.


Аароны фыртты дӕр ӕрбакӕн ӕмӕ сыл скӕн хӕдӕттӕ.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл ӕрбабӕтт рӕттӕ, сӕрылбӕттӕнтӕ сыл бабӕтт. Ӕмӕ уӕд сауджынлӕггад мыггагмӕ суыдзӕни уыдоны. Афтӕмӕй сӕ сауджынлӕггадӕн снывонд кӕндзынӕ.


Уаз Цӕрӕны лӕггад кӕнынӕн дарӕстӕ — алчер Аарон ӕмӕ йӕ сауджын фырттӕн.


Раст-ма, раст, Сион, ӕмӕ равдис дӕ кӕддӕры хъомыс! Ӕрбакӕн дӕ уӕлӕ дӕ кады фӕлыстытӕ, уаз сахар Йерусалим! Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ кулдуарӕй мидӕмӕ нал бахиздзӕн иунӕг ӕнӕсунӕтгонд ӕмӕ, чи фӕчъизи ис, уый дӕр.


Стӕй-иу йӕхи Уаз бынаты цынайӕд, скӕнӕд йе ’рвылбоны дарӕс, ӕддӕмӕ рацӕуӕд ӕмӕ ӕрхӕссӕд иууылсудзинаг нывӕндтӕ: иу — йӕхи тыххӕй, иннӕ та — адӕмы тыххӕй. Афтӕмӕй сӕххӕст кӕнӕд йӕхи тӕригъӕдтӕ, стӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ ныббарыны ӕгъдау.


Уый фӕстӕ Аарон ӕмӕ йӕ фыртты размӕ ракодта, хӕдӕттӕ сыл скодта, рӕттӕ сыл ӕрбабаста ӕмӕ сыл ӕркодта сарыхътӕ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.


сӕ мулкӕй сын ма давой, кӕддӕриддӕр сыл уой иузӕрдион. Уадз ӕмӕ се ’ппӕт цардӕй кадджын кӕной нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы ахуырад.


Алы хъуыддаджы дӕр дӕхи ӕвдис фӕзминагӕй. Аккаг хуызы амон ӕцӕгад — мацы дзы аппар ӕмӕ йӕм мацы бафтау.


Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, кӕсут хистӕрты коммӕ. Уырнджытӕ, уе ’ппӕт дӕр кӕрӕдзийы раз ут сӕрныллӕг, уымӕн ӕмӕ «Хуыцау сӕрыстыртӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕджытӕн та хорзӕх дӕтты».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ