Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 28:39 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

39 Ааронӕн лыстӕг гӕнӕй бауаф нывӕфтыд хӕдон, скӕн ын сарыхъ лыстӕг гӕнӕй, бауаф ын нывӕфтыд рон.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 28:39
10 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цатырмӕ бацӕуӕнӕн дӕр бауафын кӕн нывӕфтыд дуарӕмбӕрзӕн. Хъуамӕ уа ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй ӕмӕ здыхт гӕнӕй.


Кулдуарӕн бауаф нывӕфтыд дуарӕмбӕрзӕн, ссӕдз ӕлмӕрины дӕргъӕн. Хъуамӕ уа ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй ӕмӕ здыхт гӕнӕй. Кулдуарӕн уӕд цыппар цӕджындзы, фӕйнӕ бынӕнцайӕнимӕ.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн сцӕттӕ кӕнӕнт ахӕм уаз дарӕс: риуылдарӕн, ефод, пӕлӕз, нывӕфтыд хӕдон, сарыхъ ӕмӕ рон, цӕмӕй Мын сауджынлӕггад кӕной.


Аароныл скӕн йӕ дарӕс — хӕдон, ефоды бын цы пӕлӕз вӕййы, уый, стӕй ефод ӕмӕ риуылдарӕн. Ефод ыл йӕ астӕубосӕй ӕрбабӕтт.


Йӕ сӕрыл ын ӕркӕн сарыхъ, сарыхъыл та разӕй сӕвӕр уаз уадздзаг.


Аароны фыртты дӕр ӕрбакӕн ӕмӕ сыл скӕн хӕдӕттӕ.


Ноджы ма Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн гӕнӕй бауафтой хӕдӕттӕ, сарыхъ ӕмӕ сӕрылбӕттӕнтӕ, здыхт гӕнӕй та — цыбыр хӕлӕфтӕ, уыимӕ ма Ааронӕн здыхт гӕнӕй ӕмӕ ӕрвхуыз, игӕрхуыз, стӕй сӕнт сырх тӕбынӕй бауафтой нывӕфтыд рон. Афтӕ бафӕдзӕхста Дунедарӕг Моисейӕн.


Йӕ уӕлӕ-иу скӕнӕд уаз хӕдон ӕмӕ мидӕггаг хӕлаф, йӕ астӕуыл ӕрбабӕттӕд рон, йӕ сӕрыл та-иу сарыхъ ӕркӕнӕд, се ’ппӕт дӕр — гӕн хъуымацӕй. Уыдон уаз дарӕс сты, ӕмӕ-иу се скӕныны размӕ йӕхи цынайӕд.


Райсомӕй сауджын йӕ уӕлӕ скӕнӕд гӕн хъуымацӕй дарӕс — пӕлӕз ӕмӕ мидӕггаг хӕлаф. Нывондхӕссӕнӕй, судзгӕ-судзын иууылсудзинаг нывонды сой кӕдӕм фӕтагъди, уыцы фӕнык сисӕд ӕмӕ йӕ нывондхӕссӕны цур ӕркалӕд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ