36 Сараз уадздзаг сыгъдӕг сыгъзӕринӕй ӕмӕ, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ йыл скъах: „Дунедарӕджы уаз хай“.
Амрамы фырттӕ: Аарон ӕмӕ Моисей. Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ хицӕнгонд ӕрцыдысты — мыггагмӕ сӕ снывонд чындӕуыд; уыдон сты иууылуаз — ӕрмӕстдӕр уыдонӕн ис бар Дунедарӕджы раз буд судзынӕн, лӕггад Ын кӕнынӕн ӕмӕ Йӕ номӕй цӕрӕнбонтӕм адӕмӕн арфӕ кӕнынӕн.
О Дунедарӕг, ссӕндынц Дын Дӕ адӕмы, ӕфхӕрынц сӕ,
ӕмӕ Мын сымах уыдзыстут сауджынты паддзахад, уаз адӕм“. Фӕхӕццӕ кӕн ацы ныхӕстӕ израилӕгтӕм».
Уыцы дыууӕ дурыл Израилы фыртты нӕмттӕ скъах, дурыл мыхуыр куыд скъахынц, афтӕ. Дуртӕ бавӕр сыгъзӕрин фӕлгӕтты
Уыцы пӕлӕз хъуамӕ уа Аароныл, лӕггад куы кӕна, уӕд, цӕмӕй Уаз Цӕрӕнмӕ, Дунедарӕджы размӕ, цӕугӕйӕ, стӕй уырдыгӕй фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ дӕр, хъуыса дзӕнгӕрджыты зӕлланг, — науӕд амӕлдзӕн.
Ӕрвхуыз синагӕй йӕ бабӕтт сарыхъы ӕдде, разӕрдыгӕй,
Райс дыууӕ оникс дуры ӕмӕ сыл скъах Израилы фыртты нӕмттӕ:
Йӕ сӕрыл ын ӕркӕн сарыхъ, сарыхъыл та разӕй сӕвӕр уаз уадздзаг.
Ноджы ма Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн гӕнӕй бауафтой хӕдӕттӕ, сарыхъ ӕмӕ сӕрылбӕттӕнтӕ, здыхт гӕнӕй та — цыбыр хӕлӕфтӕ, уыимӕ ма Ааронӕн здыхт гӕнӕй ӕмӕ ӕрвхуыз, игӕрхуыз, стӕй сӕнт сырх тӕбынӕй бауафтой нывӕфтыд рон. Афтӕ бафӕдзӕхста Дунедарӕг Моисейӕн.
Сыгъдӕг сыгъзӕринӕй скодтой уаз уадздзаг ӕмӕ, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ йыл ныффыстой: «Дунедарӕджы уаз хай».
Бакодтой йыл ӕрвхуыз синаг, сарыхъыл ӕй разӕрдыгӕй бабӕттыны тыххӕй. Афтӕ бафӕдзӕхста Дунедарӕг Моисейӕн.
Фӕлӕ ныр йӕ сӕудӕджеры бакуыст, йе ’фтиаг нывонд кӕндзӕни Дунедарӕгӕн. Къӕбицтӕ ӕмӕ йӕ ӕфтауцуӕттӕм не ’мбырд кӕндзысты, фӕлӕ йӕ дӕтдзысты, Дунедарӕджы раз аргъуыцгӕнгӕ чи цӕры, уыдонӕн, цӕмӕй сӕхи ӕфсадой ӕмӕ цӕуой зынаргъ дарӕсы.
Мӕнӕ Кувӕндоны сӕйраг ӕгъдау: хохы цъупп ӕмӕ йӕ алыварс тыгъдад иууылдӕр у иууылуаз. Уый у Кувӕндоны сӕйраг ӕгъдау.
Моисей Ааронӕн загъта: «Гъе уымӕн дзырдта Дунедарӕг: „Мӕ разы чи лӕууы, уыдоныл Ӕз равдисдзынӕн, уаз кӕй дӕн, уый, мӕ кад ӕппӕт адӕмы раз равдисдзынӕн“». Аарон хъусӕй лӕууыд.
«Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сыгъдӕг дӕн.
Йӕ сӕрыл ын ӕркодта сарыхъ ӕмӕ йыл разӕй сӕвӕрдта сыгъзӕрин цъарӕг — уаз кады худ, Дунедарӕг ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ.
Уыцы заман, суанг бӕхты идӕттыл цы дзӕнгӕрджытӕ сауындзынц, уыдоныл дӕр ныффысдзысты: «Дунедарӕджы уаз хай». Дунедарӕджы хӕдзары цы ӕгтӕ ис, уыдон дӕр, нывондхӕссӕны раз цы кӕхцытӕ лӕууы, уыдонау уаз суыдзысты.
Архайут алкӕимӕ дӕр фидыдӕй цӕрыныл; тырнут уӕхи сыгъдӕгӕй дарынмӕ, уымӕн ӕмӕ ӕнӕ уымӕй Бардарӕджы ничи фендзӕн.
Растдӕр нын ахӕм Алчер хъуамӕ уыдаид: сыгъдӕг, фыдбылызмӕ ӕнӕмхиц, ӕнаипп, тӕригъӕдджынтӕй хицӕн ӕмӕ уӕлӕрвтӕй уӕлдӕр ссӕуӕг.
Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ.
Чъизи цы уа, ахӕмӕй йӕм ницы бацӕудзӕн, ӕлгъаг ӕмӕ фӕливӕн митӕ чи кӕны, уыдонӕй дӕр ӕм фӕндаг никӕмӕн уыдзӕн, фӕлӕ йӕм бацӕудзысты, Уӕрыкмӕ царды чиныджы фыст чи у, ӕрмӕстдӕр уыдон.