Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 28:33 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

33 Пӕлӕзы фӕччийыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй скӕн гранаты дыргъты ӕнгӕс тымбылӕгтӕ, уыдоны ’хсӕнты та ӕрцауындз сыгъзӕрин дзӕнгӕрджытӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 28:33
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Алы ӕфтуанӕн дӕр йӕ хызӕгтыл дыууӕ рӕнхъӕй фидаргонд уыдысты гранаты дыргъты нывӕфтыдтӕ.


Цӕджындзтӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд уыди ӕстдӕс ӕлмӕрины. Сӕ цъуппытыл дӕр уыди ӕрхуыйӕ конд ӕфтуантӕ, сӕ бӕрзӕнд — ӕртыгай ӕлмӕринтӕ, ноджы ма — фӕйнӕ рӕхысы ӕмӕ гранат фӕткъуыты згъӕрнывтӕ зылдӕй ӕфтуантыл конд. Иууылдӕр уыдысты ӕрхуыйӕ конд.


Кувӕндонмӕ уӕ къухтӕ дарут ӕмӕ арфӕ ракӕнут Дунедарӕгӕн!


Пӕлӕзы астӕуӕй уӕд къӕртт — сӕрыл ӕркӕнынӕн. Йӕ кӕрӕттыл уӕд фидар уӕфтӕджы уадздзаг хуыд, цӕмӕй ма скъуыйа.


Фӕччитыл кӕрӕй-кӕронмӕ, ӕхсӕнмӕ-ӕхсӕнты — сыгъзӕрин дзӕнгӕрӕг ӕмӕ тымбылӕг, сыгъзӕрин дзӕнгӕрӕг ӕмӕ тымбылӕг.


Уыцы заман, суанг бӕхты идӕттыл цы дзӕнгӕрджытӕ сауындзынц, уыдоныл дӕр ныффысдзысты: «Дунедарӕджы уаз хай». Дунедарӕджы хӕдзары цы ӕгтӕ ис, уыдон дӕр, нывондхӕссӕны раз цы кӕхцытӕ лӕууы, уыдонау уаз суыдзысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ