32 Пӕлӕзы астӕуӕй уӕд къӕртт — сӕрыл ӕркӕнынӕн. Йӕ кӕрӕттыл уӕд фидар уӕфтӕджы уадздзаг хуыд, цӕмӕй ма скъуыйа.
Озиа йе ’ппӕт ӕфсадӕн дӕр ӕрцӕттӕ кодта уартытӕ, ӕрцытӕ, такатӕ, згъӕрхӕдӕттӕ, ӕрдынтӕ ӕмӕ дуртӕ дурӕхсӕнтӕн.
Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ мӕ кусджыты иу ӕмбис кусгӕ кодта, иннӕ ӕмбис та ӕд ӕрцытӕ, ӕд уартытӕ ӕмӕ ӕд ӕрдынтӕ, сӕ уӕлӕ уыди згъӕрхӕдӕттӕ, афтӕмӕй лӕууыдысты. Ӕфсадхонтӕ дӕр ӕмбырдӕй уыдысты Иудӕйы хӕдзары фӕскъул.
Бӕрзондӕй цыдӕриддӕр ис, уыдонӕй алцӕмӕ дӕр сӕрбӕрзондӕй кӕсы: ӕппӕт сӕрыстыртӕн сӕ паддзах у уый».
Ефоды бын дарынӕн скӕн пӕлӕз, ӕгасӕй дӕр — ӕрвхуыз.
Пӕлӕзы фӕччийыл кӕрӕй-кӕронмӕ ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй скӕн гранаты дыргъты ӕнгӕс тымбылӕгтӕ, уыдоны ’хсӕнты та ӕрцауындз сыгъзӕрин дзӕнгӕрджытӕ.
Пӕлӕзы астӕуӕй скодтой къӕртт — сӕрыл ӕркӕнынӕн. Йӕ кӕрӕттӕ йын фидар бахуыдтой, цӕмӕй ма скъуыйа.