31 Ефоды бын дарынӕн скӕн пӕлӕз, ӕгасӕй дӕр — ӕрвхуыз.
Риуылдарӕны бинаг цӕгтӕ ефоды цӕгтимӕ баст ӕрцӕуӕнт ӕрвхуыз синагӕй, астӕубосы сӕрмӕ риуылдарӕн ефодыл ӕнгом куыд бада, афтӕ.
Пӕлӕзы астӕуӕй уӕд къӕртт — сӕрыл ӕркӕнынӕн. Йӕ кӕрӕттыл уӕд фидар уӕфтӕджы уадздзаг хуыд, цӕмӕй ма скъуыйа.
Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн сцӕттӕ кӕнӕнт ахӕм уаз дарӕс: риуылдарӕн, ефод, пӕлӕз, нывӕфтыд хӕдон, сарыхъ ӕмӕ рон, цӕмӕй Мын сауджынлӕггад кӕной.
Аароныл скӕн йӕ дарӕс — хӕдон, ефоды бын цы пӕлӕз вӕййы, уый, стӕй ефод ӕмӕ риуылдарӕн. Ефод ыл йӕ астӕубосӕй ӕрбабӕтт.
Аароныл скодта хӕдон ӕмӕ йын ӕй ронӕй ӕрбабаста. Уый фӕстӕ йыл скодта пӕлӕз, уый ӕдде та — раздарӕн, астӕубосӕй йӕ ӕрбалвӕста.
Йӕ мад-иу ын алы аз дӕр бахуыдта чысыл пӕлӕз ӕмӕ-иу ын ӕй схаста, йӕ моимӕ-иу ӕрвылазы нывонд ӕрхӕссынмӕ куы ссыдысты, уӕд.