Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 28:30 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

30 Амындтыты риуылдарӕны бавӕр урим ӕмӕ туммим, хъуамӕ уой Аароны риуыл, Дунедарӕджы размӕ-иу куы цӕуа, уӕд. Аарон Дунедарӕджы раз куы лӕууа, уӕд кӕддӕриддӕр йӕ риуыл уӕнт Дунедарӕджы амындтытӕ Израилы адӕмӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 28:30
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иудейы бӕстыхицау сын загъта: «Цалынмӕ сауджын сымах тыххӕй Хуыцаумӕ урим ӕмӕ туммимимӕ скува, уӕдмӕ уын сыгъдӕг нывӕндтӕй хӕрӕн нӕй».


Иудейы хицау сын загъта, цалынмӕ, дам, урим ӕмӕ туммимимӕ кувӕг сауджын фӕзына, уӕдмӕ сыгъдӕг нывондагӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ.


Аарон, Уаз Цӕрӕнмӕ цӕугӕйӕ, йӕ риуыл — риуылдарӕныл — хӕссӕд Израилы фыртты нӕмттӕ, Дунедарӕджы раз сӕ ӕнӕсцухӕй мысыны охыл.


Ноджы ма йыл бакодта риуылдарӕн, уый уӕлӕ — урим ӕмӕ туммим.


Уый Дунедарӕджы Кувӕндон сараздзӕн ӕмӕ айсдзӕн Йӕ кад, Йӕ паддзахы бадӕны ӕрбаддзӕнис ӕмӕ хицауиуӕг кӕндзӕн. Сауджын та ӕрбаддзӕнис йӕхи бынаты, ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ цӕрдзысты фидыдӕй.


Ӕмӕ-иу бацӕуӕд уый сауджын Елеазары размӕ, цӕмӕй йын уый уримы фӕрцы Дунедарӕджы бафӕрса. Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ цӕудзысты фӕндагыл, Дунедарӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ здӕхдзысты фӕстӕмӕ — Йешуа ӕмӕ ӕппӕт израилӕгтӕ, ӕгас дзыллӕ».


Цыдӕриддӕр мӕм ис, уый дӕр ӕмӕ суанг мӕхи дӕр цингӕнгӕ ратдзынӕн уӕ удты сӕраппонд. Ӕз уӕ бирӕ куы уарзын, уӕд мӕ сымах къаддӕр цӕмӕн уарзут?


Уӕ базылын кӕныны тыххӕй нӕ зӕгъын афтӕ. Амӕй размӕ дӕр уын куы загътон: уый бӕрц уӕ уарзӕм, ӕмӕ цӕттӕ стӕм уемӕ амӕлынмӕ дӕр ӕмӕ цӕрынмӕ дӕр.


Левийы тыххӕй загъта: „Дӕ тумим ӕмӕ Дӕ урим — йӕ зӕрдӕ Дыл чи нӕ ивы, Массайы кӕй бафӕлвӕрдтай, Меривайы доны был кӕмӕн уайдзӕф кодтай, уыцы кувӕг лӕгмӕ.


Йесо алцӕмӕй дӕр хъуамӕ уыдаид Йе ’фсымӕрты хуызӕн, цӕмӕй Хуыцауы раз суа уарзӕгой ӕмӕ иузӕрдион Алчер ӕмӕ, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕдтӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йӕхи нывондӕн ӕрхӕсса.


Нӕ Алчер ахӕм нӕу, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын Чи нӕ бамбара, уымӕн ӕмӕ Уымӕн дӕр махау ӕвзӕрст сты ӕппӕт фӕлварӕнтӕ, тӕригъӕд йеддӕмӕ.


Иу хатт ӕмӕ ӕнусмӕ Чырысти бацыди Рухсмонуатмӕ — нывондаг сӕгътӕ ӕмӕ родты тугимӕ нӕ, фӕлӕ Йӕхи Тугимӕ ӕмӕ нӕ мыггагмӕ фервӕзын кодта тӕригъӕды азымӕй.


Чырысти лӕджы къухӕй конд кувӕндонмӕ нӕ бацыд, ӕцӕг Кувӕндонӕн ӕрмӕстдӕр йӕ халдих чи у, ахӕммӕ, фӕлӕ ацыди комкоммӕ уӕларвмӕ, цӕмӕй мах тыххӕй ӕрлӕууа Хуыцауы раз.


Йешуайы мӕлӕты фӕстӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы бафарстой: «Ханааны ныхмӕ хӕцынмӕ нӕ чи акӕндзӕн?»


Израилӕгтӕ Вефилы сахармӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Хуыцауы бафарстой: «Бениамины мыггаджы ныхмӕ нӕ хӕстмӕ чи акӕндзӕн?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Иудӕ ацӕудзӕни уӕ разӕй».


Ацыдысты ӕмӕ изӕрмӕ Дунедарӕджы раз фӕкуыдтой, стӕй Йӕ бафарстой: «Хӕцӕм ма дарддӕр Бениамины мыггагимӕ, не ’фсымӕртимӕ?» Дунедарӕг сын дзуапп радта: «Хӕцут!»


Дунедарӕджы фарста, фӕлӕ йын Уый нӕдӕр фыны, нӕдӕр уримы руаджы, нӕдӕр пехуымпарты дзыхӕй лӕвӕрдта дзуапп.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ