Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 28:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Дуртӕ нымадӕй уӕнт дыууадӕс, Израилы фыртты нӕмттимӕ: мыхуырыл фыст куыд скъахынц, афтӕ сыл къахт ӕрцӕуӕнт Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы нӕмттӕ, алы дурыл дӕр — иу ном.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 28:21
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг, Израил уыдзӕни дӕ ном, зӕгъгӕ, кӕмӕн загъта, уыцы Йаковы фырттӕн сӕ хӕдзарвӕндӕгты нымӕцмӕ гӕсгӕ Илийа дыууадӕс дуры райста


ӕфсӕн цыргъагӕй сӕ здыйыл скъах, дурыл сӕ сныв кӕн ӕнустӕм!


Уӕд Моисей ныффыста Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. Райсомӕй раджы хохрӕбын скодта нывондхӕссӕн ӕмӕ сӕвӕрдта дыууадӕс дуры, Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндаджы номыл.


Уыцы дыууӕ дурыл Израилы фыртты нӕмттӕ скъах, дурыл мыхуыр куыд скъахынц, афтӕ. Дуртӕ бавӕр сыгъзӕрин фӕлгӕтты


цыппӕрӕмы — хризолит, оникс, яшмӕ. Бавӕрын сӕ хъӕудзӕни сыгъзӕрин фӕлгӕтты.


Риуылдарӕнӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй сараз здыхтбыд рӕхысбостӕ.


Уыцы бон Уӕларвӕфсады Бардарӕг Йӕ адӕмы фыстау фервӕзын кӕндзӕн; кады худы зынаргъ дуртау сӕрттивдзысты Йӕ зӕххыл.


цӕмӕй Мӕ Паддзахады Мемӕ иу фынгыл хӕрат ӕмӕ нуазат. Ӕмӕ сымах паддзахы бадӕнты ӕрбаддзыстут Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ.


Йаковӕй, Хуыцауы ӕмӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы цагъарӕй, — ӕцӕгӕлон адӕмты ’хсӕн цы дыууадӕс мыггаджы ныххӕлиу, уыдонмӕ. Фӕрнджын ут.


Сахары къул уыди стыр ӕмӕ бӕрзонд, уыди дзы дыууадӕс дуары, дуӕрттыл лӕууыдысты дыууадӕс зӕды. Дуӕрттыл фыст уыдысты израилаг адӕмы дыууадӕс мыггаджы нӕмттӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ