17 Риуылдарӕныл скӕн фӕлгӕттӕ зынаргъ дурты цыппар рӕнхъӕн. Фыццаг рӕнхъы уыдзысты лал, топаз, изумруд;
Уыцы дыууӕ дурыл Израилы фыртты нӕмттӕ скъах, дурыл мыхуыр куыд скъахынц, афтӕ. Дуртӕ бавӕр сыгъзӕрин фӕлгӕтты
Уӕд цыппӕрдигъон, дӕргъмӕ дӕр ӕмӕ уӕрхмӕ дӕр — уылынг, дыдагъ уӕфтӕгӕй конд.
дыккаджы — малахит, сапфир, алмаси;
Райс дыууӕ оникс дуры ӕмӕ сыл скъах Израилы фыртты нӕмттӕ:
Дунейы ис сыгъзӕрин, ис налхъуыт-налмастӕ, фӕлӕ уыдонӕй зынаргъдӕр — бирӕзонаг ӕвзаг.
уӕлзонд — налхъуыт-налмастӕй зынаргъдӕр, цӕмӕ бӕллыс, уыдонӕй йемӕ абарӕн дӕр ницы ис.
Хорз усы куыд ссардӕуа? Уый налхъуыт-налмастӕй зынаргъдӕр у,
Дӕ лӕппутӕ куы уыдысты митӕй сыгъдӕгдӕр, ӕхсырӕй урсдӕр! Сырхварс фӕткъуыйау сырх — сӕ рустӕ, сапфиртау-иу цӕхӕртӕ калдтой.
Хуыцауы дыргъдоны, Едемы, цардтӕ. Дӕ дарӕстӕ — зынаргъ дуртӕй фӕлыст: лал, топаз, алмаси, хризолит ӕмӕ ониксӕй, стӕй яшмӕйӕ, сапфирӕй, малахитӕй, изумрудӕй. Уыдысты се ’ппӕт дӕр сыгъзӕрин фӕлгӕтты ӕвӕрд ӕмӕ дӕ уӕлӕ ’фтыд; цӕттӕ уыдысты де сфӕлдысты бонмӕ.
Ӕмӕ уыдон суыдзысты Мӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Ӕз сӕ уыцы бон скӕндзынӕн мӕ зынаргъ исбон ӕмӕ сын батӕригъӕд кӕндзынӕн, фыд, чи йын лӕггад кӕны, йӕ уыцы фыртӕн куыд батӕригъӕд кӕны, афтӕ.