14 сыгъдӕг сыгъзӕринӕй сараз бӕндӕнау здыхт дыууӕ рӕхысы ӕмӕ сӕ фӕлгӕттӕм бафидар кӕн.
Ӕфтуанты зиллаччытыл уыди каубыд хызӕгтӕ ӕмӕ рӕхысгӕндты нывӕфтыдтӕ, сӕ иуыл дӕр — авд, иннӕуыл дӕр — авд.
Цӕджындзтӕй алкӕмӕн дӕр йӕ бӕрзӕнд уыди ӕстдӕс ӕлмӕрины. Сӕ цъуппытыл дӕр уыди ӕрхуыйӕ конд ӕфтуантӕ, сӕ бӕрзӕнд — ӕртыгай ӕлмӕринтӕ, ноджы ма — фӕйнӕ рӕхысы ӕмӕ гранат фӕткъуыты згъӕрнывтӕ зылдӕй ӕфтуантыл конд. Иууылдӕр уыдысты ӕрхуыйӕ конд.
Уыцы дыууӕ дурыл Израилы фыртты нӕмттӕ скъах, дурыл мыхуыр куыд скъахынц, афтӕ. Дуртӕ бавӕр сыгъзӕрин фӕлгӕтты
Сыгъзӕрин фӕлгӕттӕ сараз,
Ноджы ма скӕн Дунедарӕджы амындтыты риуылдарӕн, уый дӕр, ефодау, — сыгъзӕрин ӕндӕхтӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй, стӕй здыхт гӕнӕй, нывӕфтыдтимӕ.
Риуылдарӕнӕн сыгъдӕг сыгъзӕринӕй баздыхтой зӕринбыд рӕхыстӕ, бӕндӕн куыд баздухынц, афтӕ.