Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Рацыд 28:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Израилӕгты ’хсӕнӕй фӕсид де ’фсымӕр Ааронмӕ ӕмӕ йӕ фырттӕм, цӕмӕй уыдон Мӕ сауджынтӕ уой: Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ Надав, Авигу, Елеазар ӕмӕ Итамар.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Рацыд 28:1
33 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Амрамы фырттӕ: Аарон ӕмӕ Моисей. Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕ хицӕнгонд ӕрцыдысты — мыггагмӕ сӕ снывонд чындӕуыд; уыдон сты иууылуаз — ӕрмӕстдӕр уыдонӕн ис бар Дунедарӕджы раз буд судзынӕн, лӕггад Ын кӕнынӕн ӕмӕ Йӕ номӕй цӕрӕнбонтӕм адӕмӕн арфӕ кӕнынӕн.


Иохананӕй райгуырд Азариа — Соломон Йерусалимы кӕй сарӕзта, уыцы Кувӕндоны сауджын;


Елкана, Йерохам, Елиел, Тоах,


Левиттӕ ныууагътой сӕ фосы хизӕнуӕттӕ, сӕ исбон ӕмӕ ӕрцыдысты Иудеймӕ, Йерусалиммӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ Йоровам ӕмӕ йӕ фырттӕ Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын нал уагътой.


Дунедарӕджы Аргъуаны кӕрты, дӕ астӕу, Йерусалим! Алелуйа!


Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Ссу Мӕм хохы сӕрмӕ. Демӕ ракӕн Аарон, Надав ӕмӕ Авигуйы ӕмӕ Израилы хистӕртӕй дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз лӕджы. Дардӕй-иу Мӕм бакувут.


Уый фӕстӕ Моисей, Аарон, Надав, Авигу ӕмӕ Израилы дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз хистӕры ссыдысты хохы сӕрмӕ


Ӕппӕт уыцы дарӕстӕ скӕн де ’фсымӕр Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл. Уыйфӕстӕ оливӕйы сойӕ байсӕрд Аарон ӕмӕ йӕ фыртты, срухс сӕ кӕн ӕмӕ сӕ сауджынлӕггадӕн снывонд кӕн, ӕмӕ уой Мӕ сауджынтӕ.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ цӕмӕй Мӕ сауджынтӕ суой, уый тыххӕй Мын сӕ срухс кӕн мӕнӕ афтӕ. Равзар иу гал ӕмӕ дыууӕ ӕнӕсахъат фыры.


Фембӕлды Цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕн скӕндзынӕн уаз, скӕндзынӕн уаз Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕр, цӕмӕй уой Мӕ сауджынтӕ.


Аарон ӕмӕ йӕ фырттыл ӕрбабӕтт рӕттӕ, сӕрылбӕттӕнтӕ сыл бабӕтт. Ӕмӕ уӕд сауджынлӕггад мыггагмӕ суыдзӕни уыдоны. Афтӕмӕй сӕ сауджынлӕггадӕн снывонд кӕндзынӕ.


Байсӕрд Аарон ӕмӕ йӕ фыртты дӕр ӕмӕ Мын сӕ снывонд кӕн, цӕмӕй суой Мӕ сауджынтӕ.


уаз куысты дарӕс — алчер Ааронӕн, сауджынлӕггады дарӕс — йӕ фырттӕн.


Уаз Цӕрӕны лӕггад кӕнынӕн дарӕстӕ — алчер Аарон ӕмӕ йӕ сауджын фырттӕн».


Аарон ракуырдта Аминадавы чызг Елишевайы, Нахшоны хойы. Уый йын ныййардта Надавы, Авигуйы, Елеазары ӕмӕ Итамары.


Аароны фырттӕ Надав ӕмӕ Авигу сӕ будсудзӕнтӕ райстой, нывӕрдтой дзы судзгӕ ӕвзалытӕ ӕмӕ буд, ӕмӕ Дунедарӕджы размӕ нӕфӕтчиаг зынг бахастой, афтӕмӕй сын уый ахӕмӕй ницы бафӕдзӕхста.


Моисей загъта Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕн, Елеазар ӕмӕ Итамарӕн: «Райсут, Дунедарӕджы номыл хаст хуынтӕй цы ссад баззади, уый, скӕнут дзы донгонд дзултӕ ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕны цур бахӕрут — уыдон сты иууылсыгъдӕг.


Ахӕм у Аарон ӕмӕ йӕ байзӕддӕгты хай Дунедарӕджы номыл хаст нывӕндтӕй, Дунедарӕджы сауджынтӕ куы систы, уӕдӕй фӕстӕмӕ.


Дунедарӕг Моисейӕн загъта:


«Фӕдзур Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕм, райс дарӕстӕ, сӕрдӕн сой, тӕригъӕды нывондӕн — гал, стӕй дыууӕ фыры ӕмӕ донгонд дзулты чыргъӕд.


Ды ӕмӕ дӕ фырттӕ та хъуамӕ сауджынлӕггад кӕнат нывондхӕссӕны уӕлхъус ӕмӕ мидӕмбӕрзӕны фале. Ӕз уын аккаг кӕнын сауджынлӕггад. Сымах йеддӕмӕ ӕндӕр исчи хӕстӕг куы ӕрбацӕуа, уӕд ӕй амарын хъӕуы».


Йе ’фсӕддон къорды — ӕвдай цыппар мин ӕхсӕзсӕдӕ адӕймаджы.


Надав ӕмӕ Авигу амардысты, нӕфӕтчиаг зынг Дунедарӕджы размӕ куы бахастой, уӕд.


Иу хатт Захариа уаз куыст кодта Хуыцауы Кувӕндоны (цы сауджынты къордмӕ хауд, уыдоны рад ралӕууыд).


Израилӕгтӕ та Беерот-Бене-Йааканӕй Мосерамӕ араст сты. Аарон уым амард, ӕмӕ йӕ уыцы ран баныгӕдтой. Йӕ бӕсты сауджын сси йӕ фырт Елеазар.


Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт мыггӕгты ’хсӕн уыдоны равзӕрста Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, цӕмӕй Йын уырдыг лӕууой ӕмӕ Йӕ номы сӕраппонд лӕггад кӕной сӕ тъымы-тъымамӕ.


Израилы ӕппӕт хӕдзарвӕндӕгтӕй Мӕхицӕн дӕ фыдӕлты равзӕрстон сауджынтӕй, цӕмӕй Мын Мӕ нывондхӕссӕныл хӕссой нывӕндтӕ, судзой Мын буд ӕмӕ-иу Мӕ разы хӕрдмӕ сисой ефод. Израилӕгтӕ цыдӕриддӕр хуынтӕ хӕссынц, уыдон бакодтон дӕ фыдӕлты бӕрны.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ