35 Мидӕмбӕрзӕны раз ӕрӕвӕр фынг, фынджы бакомкоммӕ та — цырагъдарӕн. Цырагъдарӕн Цатырӕн хъуамӕ лӕууа йӕ хуссарварс, фынг та — йӕ цӕгатварс.
Фембӕлды Цатыры, цӕгатӕрдыгӕй, мидӕмбӕрзӕны цур, ӕрӕвӕрдта фынг
Фембӕлды Цатыры, хуссарӕрдыгӕй, фынджы бакомкоммӕ, ӕрӕвӕрдта цырагъдарӕн
Бахӕсс фынг ӕмӕ йыл йӕ дзауматӕ иууылдӕр ӕрӕвӕр. Ӕрбахӕсс цырагъдарӕн ӕмӕ йыл йӕ цырӕгътӕ ӕрӕвӕр.
Цырагъ куы ссудзынц, уӕд ӕй мигӕнӕны бын не ’вӕрынц, фӕлӕ цырагъдарӕныл, цӕмӕй хӕдзары алкӕмӕн дӕр рухс кӕна.
Арӕзт ӕрцыди Уаз Цӕрӕн, уымӕн йӕ фыццаг агъуыст хуынди Уаз бынат. Уым уыдысты цырагъдарӕн, фынг ӕмӕ кувинаг дзултӕ.