32 Ӕрцауындз ӕй сыгъзӕринастӕрд цыппар акъаци цӕджындзыл, сыгъзӕрин къӕпсыртӕ сыл, цӕджындзтӕн — цыппар ӕвзист бынӕнцайӕны.
Сӕ сӕрмӕ урс ӕмӕ ӕрвхуыз гӕн хъуымӕцтӕ ӕвзист хъайвантӕм ӕмӕ урс мраморӕй конд цӕджындзтӕм фидаргонд уыдысты урс, лыстӕг гӕнӕй конд, стӕй сӕнт сырх синӕгтӕй. Сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист бадӕнтӕ лӕууыдысты порфир, мрамор, ӕргъӕу ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ дуртӕй конд астӕрдыл.
ӕлдыгъгонд ӕмӕ сырхахуырст фысдзӕрмттӕ, гогырӕ сӕрак ӕмӕ акъацийы хъӕдӕрмӕг,
Бауаф мидӕмбӕрзӕн ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын ӕмӕ здыхт гӕнӕй. Йӕ уӕлӕ — херувимты дӕсны уафт фӕлгонцтӕ.
Мидӕмбӕрзӕн ӕрцауындз къӕпсыртыл ӕмӕ йын Фидыды Чырын сӕвӕр йӕ фӕстӕ. Уыцы мидӕмбӕрзӕн уыдзӕни Рухсмонуат ӕмӕ Уаз бынаты ’хсӕн ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕ хицӕн кӕндзӕни.
Ацы дуарӕмбӕрзӕнӕн скӕн фондз акъаци цӕджындзы, састӕр сӕ сыгъзӕринӕй ӕмӕ сыл бакӕн сыгъзӕрин къӕпсыртӕ. Цӕджындзтӕн ӕрхуыйӕ рацӕгъд фондз бынӕнцайӕны.
Скодтой йын фондз цӕджындзы къӕпсыртимӕ, цъуппытӕ ӕмӕ тӕлытӕ састӕрдтой сыгъзӕринӕй, цӕджындзтӕн скодтой фондз ӕрхуы бынӕнцайӕны.